Уæлдайдæр та, сывæллæттæ цы хæдзæртты ис, уыцы бинонтæ. Æлхæнджыты ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæйы конд æхсыр у бирæ хуыздæр æмæ хæрзаддæр, фæлæ йæ аргъ иуæй-иу хатт йæ былтæй акæлы. Æндæр регионтæй ласт æхсыр дуканиты тæрхæджытæй тагъддæр цæмæн æрбайсæфы æмæ цы уавæры сты нæ республикæйы æхсыргуыстгæнджытæ? Уый базыдта не сфæлдыстадон къорд.
Комсомольскæйы хъæуы цур фермæйы хъомтæ мæймæ 16 тоннæйы ‘хсыр дæттынц. Сты 70 сæры. Дарынц сæ иу бæстыхайы, раздæр дзы фыстæ дардтой. Ныр стурвосы хицау тыхсы, бынат дзы бирæ кæй нæй, уымæй. Куыстытæ æппæт дæр кæны къухæй. Уый та аслам дæр нæ сысты. Уæдæ ахæм уавæрты фос дарын – æнцон нæу. Æппæт уыдæттæ та фæбæрæг вæййынц æхсыры аргъыл дæр. Фермеры бæргæ фæндид куыстуат фестырдæр кæнын, фæлæ йæм фаг фæрæзтæ нæй. Æхсырæй цы æхца бакусы, уыдонæй дæр нæ аххæсдзæн.
Фермæйæ æхсыр цы заводмæ баласынц, уым хъаст кæнынц. Суткæмæ дзы бакусынц æхсыры 3 тоннæйы, сæ хъомыс та 5 тоннæйы у. Кусæнгарз æгуыстæй лæууы. Цæмæй куыстуат йæ бон цас у, афтæ куса, уый тыххæй хъæуы бирæ æхсыр. Республикæйы уый бæрц нæй. Цы ис, уый та зынаргъ у. Æхсыры куыстгæнджытæ фарста алыг кæнынæн фадат ссардтой. Хъæууон хъæдзарады министрадимæ бауынаффæ кодтой æхсыры куыстгæнджыты Ассоциаци саразын. Сæ ныхæстæм гæсгæ, дуцгæ хъомтæ чи дары æмæ æхсырыл чи бакусы уыдонæн ахæм æмгуыстад æххуыс уыдзæн. Хъуамæ аргъыл фæзына.
Профилон министрады зæгъынц – æхсыры куыстгæнджыты къабазы уавæр Ассоциаци хъуамæ сраст кæна.
«Мæнмæ гæсгæ, кæрæдзийымæ ныхас кæнгæйæ æнæмæнг истæмæ хъуамæ ‘рцæуæм. Хъæуон хæдзарады министрад æмæ республикæйы хицауад æххуыс кæндзысты дыууæтæн дæр – фермертæ æмæ æхсырыл чи бакусы уыдонæн, цæмæй æхсыры аргъ фæасламдæр уа», – РЦИ-Аланийы хойраг æмæ хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг Мæрзойты Хъазбег.
Æппæт ацы лыстæг хабæрттæ, чи зоны, æлхæнджыты хъæугæ дæр нæ кæнынц. Уыдонæн сæйрагдæр у, дуканимæ æрбацæугæй, хъæугæ продукт ссарын æмæ йæ хæрзхъæддзинадыл ма дызæрдыг кæнын. Нырма уал бынæттон куыстуæтты продукци стæм хатт æлхæнынц.
Биджелты Бертæ
















