Алцыдæр райдайы Фыдыбæстæйæ. Уарзон уынгæй, райгуырæн хъæуæй – ам бамбары адæймаг йæ бæстæйын куыд зынаргъ у, уый. Ахæм æнкъарæнтимæ Лескены культурæйы хæдзары ацыд кæсджыты конкурс. Республикон æркасты сæ арæхстдзинад æмæ курдиат равдыстой 76 æвзонг архайæджы. Арæзт у фыссæг Хидирты Ехьяйы номыл.
Сценæйыл бæллиц сæххæст вæййы – Алы æмдзæвгæ дæр уазджыты бæлвырддæр зонгæ кæны ирон поэзиимæ. Сывæллæттæ æхсызгонæй æргом кодтой æмдзæвгæты мидис – сæйрагдæр та Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Конкурсанттæн аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ – 6 аивадон архайæджы лæмбынæгæй хъуыстой алы æмдзæвгæмæ дæр.
Æмдзæвгæ кæсгæйæ тыхстдзинадыл фæуæлахиз уæвын зын вæййы – фæлæ ацы конкурсы архайджытæ сæхиуыл бæстонæй бакуыстой. Æмæ уазджытæн балæвар кодтой аив, ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ æмдзæвгæтæ. Æркастмæ цæттæ кæнгæйæ фæсивæд хъуамæ, æнæмæнг бæлвырдæй бамбарой уацмысы хъуыды, цæмæй йæ хъусджытæ бамбарой. Æмдзæвгæтæ аив кæсгæйæ ис адæмы истори дæр фæнысан кæнæн.
Сценæйы алы рацыдæн дæр ныфсдæттæг сты бинонтæ. Уыдон сразæнгард кодтой æвзонг лæппутæ æмæ чызджыты конкурсы бацархайынмæ. Ныр дæр, ахæм ахсджиаг бон сæ фарсмæ сты – бирæтæ дардæй æрбацыдысты сæ цоты фæдыл.
Ацы конкурсæн ис ахсджиаг нысан – хъуамæ равдиса – Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад у бындур, ууыл мах аразæм нæ фидæн. Ацы сæйраг хъуыды хæццæ кæнынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ
















