Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг управленийы кусджытæ сарæзтой зынгхуыссынгæнæн ахуыртæ. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ артыл фæтых сты Тæмисчъы санаторийы бæстыхайы. Специалисттæ радзырдтой, хи раст куыд дарын хъæуы æмæ æвæстиатæй хъæугæ æххуыс бакæныны тыххæй. Бæлвырддæр – нæ дарддæры æрмæджы.
Зынгхуыссынгæнæн хæдтулгæ æрбацыд 3 минутмæ. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ ссыгъд Тæмисчъы санаторийы бæстыхай. Ныртæккæ ам улæфынц сывæллæттæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты ирвæзынгæджытæн æмæ кусджытæн фæстиат кæнæн нæй. Адæмы цард аразгæ у сæ цырд архайдæй. Ахуырты змæлын хъæуы инструкцимæ гæсгæ. Мæнг арт фæмынæг кодтой. Сывæллæтты ракодтой æдас ранмæ. Ахсджиаг у аиппытæ сраст кæнын. Хатдзæгты фæстæ специалисттæ аныхас кодтой сабитимæ. Радзырдтой сын сæ куысты тыххæй.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ эвакуацийы тренировкæтæ арæх фæаразынц. Уæлдайдæр сæрдыгон лагерты. Сæ фæрцы сывæллæттæ базонынц, зынгсирвæзты рæстæг хи куыд дарын хъæуы, уый.
Сæрмагонд зонындзинæдтæ райсдзысты лагерты æппæт фæлтæртæ дæр. Программæйы – викторинæтæ, конкурстæ, уыимæ сывæллæттæн равдисдзысты сæрмагонд техникæ.
Зынгхуыссынгæнджытæ сæ хæслæвæрдтæ баххæст кодтой. Ахуырты фæрцы ма ирвæзынгæнджытæ иу хатт равдыстой, æппæт структурæтæ æнгом æмархайд кæй кæнынц, уый. Афтæмæй та адæмы цард кæны æдасдæр æмæ æнцондæр.
















