Боныхъæды аххосæй сæхгæдтой «Дзæуджыхъæу»-ы аэропорт дæр. Ныртæккæ кусы фæткмæ гæсгæ. Рейсытæ фæстиат кодтой Дзæуджыхъæуæй Петербург, Казань æмæ Сочимæ. Сæ бон æрбадын нæ уыд Мæскуыйæ, Питер æмæ Антальяйæ рейсытæ.
Æвзæр боныхъæды фæстиуджытæ иуварс кæнынц районты дæр. Тыхджын их æруарыд Мичурино, Фыййаджыбыл, Архонкæ æмæ Беслæны. Æрыдоны районы хъыгдард баййæфтой цæрæн хæдзæрттæ æмæ социалон объекттæ. Тыхдымгæ кæмдæр хæдзæртты сæртæ систа, кæм та — бæлæстæ æд уидæгтæ стыдта, уыимæ ма хъыгдæрд баййæфтой хъæууонхæдзарадон хуымзæххытæ. Уавæр бынаты бæрæг кæны Æрыдоны районы администрацийы сæргълæууæг Мæрзаты Владислав. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй сбæрæг кæнын хъæуы, къæвдатæ цы зиан æрхастой, уый.
Æнæнхълæджы уавæрты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, тыхджын уарынты аххосæй Транскамы фæндагыл ламидæттæ рацыдысты ӕмӕ фæндаг у æхгæд.
















