Æнæниздзинад хъахъхъæныны системæ хъуамæ дзуапп дæтта рæстæджы домæнтæн. Уый фæнысан кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав оперативон штабы æмбырды. COVID-ы ныхмæ цы мадзæлттæ арæзт цæуынц стационарты, уый тыххæй сæргълæууæгæн радзырдтой медицинон кусæндæтты разамонджытæ.
Эпидемиологон уавæр сындæггай хуыздæрырдæм ивы. Кæд карантин фæлæмæгъдæр кодтой, уæддæр маскæтæ дарддæр дæр дарын хъæуы. Дохтырты дæсныйады æмвæзад уæлдæр кæныныл дарддæр дæр кусын хъæуы. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ хъæуы саразын медицинон кусджыты резерв, цæмæй фæлтæрдджын дохтыртæ бахъуаджы рæстæг цæттæ уой баххуыс кæнынмæ. Уымæй уæлдай фадат уыдзæн æрыгон дохтыртæн фæлтæрддзинадæй фæхай кæнын.
Республикæйы сæргълæууæг ма йе ргом аздæхта коронавирусы ныхмæ чи тох кодта, уыцы дохтыртæн уæлæмхасæн фиддонтæ исыны фæткмæ. Æхцайы фæрæзтæ иууылдæр хъуамæ райсой афойнадыл.















