Цæгат Ирыстоны цæрджытæй пысылмон диныл хæст адæмæн абон райдыдта ком дарыны мæй – Рамадан. Не сфæлдисæгмæ кувыны, хъуыдытæ ссыгъдæг кæныны æмæ хатыр кæныны рæстæг.
Æгас мæйы дæргъы уырнæг адæм дардзысты ком, фылдæр кусдзысты сæхиуыл хæцыныл æмæ хуыздæр суæвыныл. Рамадан ахуыр кæны уарзондзинадыл, зæрдæхæлар æмæ рæдау уæвыныл, дæ алыварс чи ис, уыдонæн хорздзинад скæныныл, хатыр кæнын æмæ курыныл. Комдард фæуыдзæн пысылмæттæн егъау бæрæгбон – Ураза-байрамæй.
















