Ног телетрап, 6 лифты æмæ эскалатор, уыимæ басгæрсты æмæ æдасдзинады ног системæтæ. Дзæуджыхъæуы аэропорты байгом ног терминал. Комплекс сифтонг кодтой нырыккон кусæнгарзтæй. Бæлццæтты удæнцойæн дзы сарæзтой аккаг уавæртæ. Объект бабæрæг кодтой нæ уацхæсджытæ. Се ‘рмæгмæ бакæсæм.
Æрбахизæны — регистрацийæн 11 ног сæрмагонд бынаты. Сӕ руаджы ног терминалы уылты сахатмæ цæудзысты 400 адæймаджы. Лæууæн бынӕттӕ сты цæттæ. Фыццаг пассажиртӕ дзы фӕзындзӕн райсом.
Ис дзы багаж сбæрæг кæнынæн сæрмагонд агъуыстытæ, æнцонвадат æнхъæлмæкæсæн бынæттæ æмæ бирæ нырыккон гæрзтæ. «Дзæуджыхъæу» аэропорты ног терминал дзуапп дæтты æппæт домæнтæн дæр. Кадджын мадзалы видеобастдзинады руаджы архайдта бæстæйы президент Владимир Путин дæр. Фæнысан кодта, ацы аз Уæрæсейы æнтыстджынæй кæй архайынц æппæтадæмон транспортон коридортæ аразыныл. Хъæуынц æнцонвадат маршруттæ аразынæн, уыимæ хæстæг зæххы хæйтты райрæзтæн, бафтыдта президент. Цæгат Ирыстоны цы гом объекттæ ис, уыдоны руаджы та бæстæйы хуссарварсы туризм рæздзæн. Фæбæрзонддæр уыдзысты инвестицион авналæнтæ дæр.
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло радзырдта аэропорты арæзтады къæпхæнтæн сӕ нысаниуæджы тыххæй. Нæ бæстæйы Президентмæ расидтис дыууæ курдиатимæ.
Егъау нысаниуæг ма йын ис, регионы туристты нымæц æрвылбон кæй рæзы, уый тыххæй дæр. Ацы аз пассажирты нымæц — 800 мин адæймаджы. Аэропорт та сси регионы туризмы райрæзты сæйраг къæпхæнтæй иу. Фидæнмæ фæндтæ сты бирæ. Егъау къабазы райрæзтыл чысыл куыст нæ хъæуы. Абон та уыцы здæхты скъодтой ахсджиаг санчъех.
















