Цæгат Ирыстон кæддæриддæр хъæздыг уыд йæ хъайтартæй. Æрмæст Фыдыбæстæйы стыр хæстмæ нæ республикæйæ ацыди 95 000 адæймаджы. Райгуырæн бæстæйы сæрыл чи тох кодта, уыцы хъайтарты рухс ном хъахъхъæнын ирон адæм сæ хæсыл нымайынц. Ирыстоны бирæ уынгты нæмттæ баст сты Фыдыбæстæйы стыр хæсты кадимæ. Уæлахизыл чи тох кодта, уыдоны номæй схуыдтой Джызæлы уынгтæй иу.
Джызæлы цæрджытæ – Адеты 5 æфсымæры – Салам, Барис, Владимир, Константин æмæ Таймураз. Уыдонæй 4 сæ цард радтой райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй æрыздæхт æрмæст Владимир. Райгуырæн бæстæйы сæрыл чи тох кодта, уыцы хъайтарты рухс ном хъахъхъæнын ирон адæм сæ хæсыл нымайынц. Уымæ гæсгæ Адеты мыггагæн æхсызгон у, сæ æфсымæртæн сын ахæм хуызы кад кæй кæнынц, уый.
Ацы хъуыддаг æхсызгон у Джызæлы цæрджытæн дæр. Мадзалы архайдтой куыд хистæртæ, афтæ кæстæртæ дæр. Фæсивæд хъайтарты рох кæй нæ кæнынц, уымæй хъæуы хистæртæ бузныг сты, уæдæ ацы рæсугъд хъуыддагмæ хайбавæрд чи бахаста, уыдонæн аргъ кæнынц.
Уынгæн Адеты æфсымæрты ном раттыны фæнд фæзынд Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайадмæ проект «Улица героя»-йы фæлгæты. Сæ хъæппæрисимæ сразы сты хъæуы администраци, цæрджытæ æмæ Адеты мыггаджы минæвæрттæ. Мадзалмæ саккаг кодтой Горæтгæрон администрацийы минæвæрттæ æмæ æрыгон армионтæ дæр.
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты куыд фæнысан кодой, афтæмæй дарддæр дæр архайдзысты проект «Улицы героев»-ы. Цæмæй райгуырæн бæстæйы патриоттæн кæстæр фæлтæр кад кæной æмæ сæ ном цæра æнустæм.
















