Республикæйы цæрджытæн тыхджын дымгæ æмæ уарыны хъусынгæнинæгтæ ацы бонты радиойы зарæгау систы. Фæлæ Цæлыччы чи цæры, уыдон сæ хъысмæты уаргъ æндæрæбон федтой. Къæвдайæ сайд донивылд бахъыгдæрдта бынæттон цæрджыты цæрæнуæттæ: цъыфæй змæст `рбахизæнтæ, уынгты цыхцырджытæ æмæ сын къуындæг царды уавæртæ сæ разæй скодта.
Хæдзармæ æнцонтæй нæ бахаудзынæ. Кулдуарæй къæсæры онг æртæ метры йеддæмæ нæй. Фæлæ сыл ацæуын — бæллæх у. Бахизæнтæ æмæ къахвæндаг чъизи, дон æмæ æлыджы змæсты бын фæци. Æрæмбæрзта йæ метры æрдæджы бæрц. Ахæм у цалдæр боны размæ цы тыхджын къæвдаиæ уыдысты, уый фæстиуджытæ.
Ацы бæстыхайы æртæйæ цæрынц. Раст зæгъгæйæ, ахæм æрдзон фыдбылызы амæттаг бинонтæ фыццаг хатт нæ фесты. Æхсæз азы размæ ма сыл æрцыд ахæм бæллæх. Уæд дæр хæдзар доны бын фæцис, фæлæ афтæ тынг нæ. Ныр та æрмæст æрбахизæнтæ нæ, фæлæ ма цæхæрадон дæр доны бын уыд. Ахæм уавæры 70 сты. Фыццаг бакастæй дæр къултыл зынынц доны фæдтæ. Агъуыстыты пъолтæ чысыл цадтæ фестадысты, цъыфæй нæ зынынц, кæмдæрты ныттыдтой. Хæдзары дзаумæттæ ныххуылыдз сты. Адæм сæ газы пецтæ скусын кодтой, агъуыстытæ афтæ тынг уымæл кæд нал уаиккой, загъгхæ. Цæрджытæ та сæ къахы дарæс резинæ цырыхъхъытæй раивтой. Уæвгæ ныр уынгты æмæ кæртыты цы цъыф æмæ æлыджы змæнтæн ис, ууыл æнцойтæй нæ ацæудзынæ. Хæдзæрттæ куыд ссыгъдæг кæной — уый цæрджыты фыццаг сагъæс у.
Мæдинæйæн 4 сывæллоны ис, æппæты кæстæрыл 5 азы йеддæмæ нæ цæуы.
Донивылды фæстæ Цæлыччы бинонтæй чидæртæ иу уаты 5-гæйттæй цæрынц, чидæртæ та зыбыты иунæгæй баззадысты. Хетæгкаты Верæйæн йæ кæстæр хо рынчын æмæ æххуысхъуаг у. Æрдзон фыдбылыз куы æрцыд, уæд æппæты фыццаг йæ зæрдæ уымæ æхсайдта æмæ йæм уайтагъд æрхæццæ ис.
Фылдæр æххуыс хъуаг чи у, уыдонмæ кæсынц сæ сыхæгтæ. Хъæуы цæрджытæй иу дæр æгуыстæй нæ бады. Иууылдæр рацыдысты зиумæ. Суанг ма хистæр кары адæм дæр. Æмбырд кæнынц бырæттæ. Сыхаг хъæуты цæрджытæ дæр батагъд кодтой баххуыс кæнынмæ.
Адæмæн æххуыс кæнынц социалон хъахъхъæнынады службæйы кусджытæ. Æххуыс сын кæнынц хъæугæ гæххæттытæ сæмбырд кæнынæн. Уыимæ ма зилынц хæдзæрттыл æмæ бæрæг кæнынц кæмæн цавæр æрхаста, уый.
Донивылды фæстæ 2 боны рацыд. Цы фæстиуджытæм расайдта, уыдон ныр дæр бæрæг сты. Куыд иуварсгонд цæудзысты, уымæ та йæ цæст дардзæн Битарты Вячеслав.
Пелиты Сабинæ
















