Видеокамерæтæ цæсгæмттæ иртасæнтимæ, нымайæнтæ, хæдзары архайæн системæтæ. Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты абон сарæзтой конференци. Дзырдтой дзы, проект «Зондджын сахар», зæгъгæ, куыд æххæст кæндзысты, уый тыххæй.
Сæ хъуыдытæ загътой хицауады, зонады æмæ амалхъомдзинады минæвæрттæ. Ростелекомæн кусæнгæрзтæ ласæг компанийы сæрдар радзырдта, адæмы цард нырыккон технологитæ куыд фенцондæр кæндзысты, уый. Компьютерты руаджы тагъд адæймагæн йæхи нал хъæудзæн дуæрттæ гом кæнын, рагацау æм æнхъæлмæ кæсдзæн лифт æмæ йæ, кæцы уæладзыгмæ хъæуы, уый йæхæдæг зондзæн.
















