Цæгат Ирыстон, бæстæйы регионтимæ абаргæйæ, æрдзон газӕй цух нæу. Хызты дæргъ у 6,5 километры. Абон регионы цæрджыты фылдæр хай цъæх артагæй цух не ййафынц. Республикæмæ ма æнтыстджынæй архайы сæрмагонд социалон программæйы. Абон йæ фæлгæты ацы хорзæх бауагътой Цъæритты бинонтæм Майрæмадагæй. Кадджын бон сæ фарсмæ уыд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Цæритты бинонтæ ацы ахсджиаг хъуыддагмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Сæ хæдзар аразын райдыдтой 6 азы размæ. Уал азы æрвылбон пайда кодтой, электрон тыхæй чи кусы, ахæм гæрзтæй. Сæ фиддонтæ-иу дзæвгар фылдæр уадысты электрон тыхы лæггæдты тыххæй. Бинонты бафæндыд æрдзон газ уадзыны социалон программæйы бацархайын. Цъæриттæн абон ахсджиаг рауад. Газ уадзыны кадджын мадзалы архайдтой республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Газпром Межрегионгазы директор Къозаты Алан
Сæ лæппу Цъæритты Олег ныртæккæ ис сæрмагонд æфсæддон операцийы. Афтæмæй, программæйы чи бацархайдта, уыдоны хыгъды бинонтæ систы 1 мин 80-тæ. Цъæх артаг бауадзыны фæдыл куыстытæ райдыдтой 2 къуырийы размæ. Газы хæтæлтæ зæххы бынты ауагътой 180 метры, 14 та ма аивæзтой хæдзары кæртмæ.
Республикæйы ахæм курдиæттæ ныртæккæ сты дыууæ минæй фылдæр. Иу уый бæрц та ма ныридæгæн фидӕны пайдакæнджытимæ бадзырдтæ бафыстой. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Цæгат Ирыстон ис раззагдæр регионты ‘хсæн, газ уадзыны социалон программæ æнтыстджынæй кæм æххæст кæнынц.
Ацы аз “Газпром газораспределение Владикавказ” бæрæг кæны йæ равзæрды 70 азы. Компани республикæйы егъау куыстдæттæг у. 2,5 мин специалисты æрвылбон лæггад кæнынц хи хæдзæртты æмæ фатерты цæрджытæн. 6 мин 500 паддзахадон уагдонтæ, промышленнон куыстуæттæ æмæ заводты. Юбилейы æмæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл компанийы кусджытæн арфæ ракодта Сергей Меняйло. Радта сын арфæйы фыстæджытæ.
Абон Цæгат Ирыстон, бæстæйы регионтимæ абаргæйæ, æрдзон газӕй цух нæу. Хызты дæргъ у 6 мин 500 километры. Цъæх артаг ис республикæйы фылдæр хъæуты.
















