Æрхоны хъæумæ хæстæг къорд азы размӕ сæвзæрд æнæзакъон бырондон. Бынæттон цæрджытæ уавæрæй тыхсынц. 60 азæй фылдæр æнхъæлмæ кæсынц, кæд æй айсдзысты, уымæ. Фæлæ æрмæст уынынц стырæй- стырдæр кæй кæны, уый. Бынатмæ арæх æрбацæуынц æрдзон æвæрæнтæ æмæ экономикæйы министрады специалисттæ, экоактивисттæ. Уавæр йæхи цæстæй федта нæ уацхæссæг дæр.
Ам бæрзонд хæхты астæу Æрхоны хъæуæй гыццыл фалдæр æрбынат кодта цад, æрмæст быронæй дзаг. Цæуы йыл 60 азæй фылдæр. Ардæм хæстæгдæр хъæутæй фылдæр ласынц арæзтадон хауæццæгтæ.
Бырондон хъыгдары бынæттон цæрджыты, зиан хæссы алфамбылайæн, хæдзарон фос æмæ хъæддаг сырдтæн. Уæззау фæстиуджыты тыххæй зонынц экоактивисттæ дæр.
Хæхбæсты цы æнæзакъон бырондæттæ фæзыны, уыдонæн æппындæр дзуапдæттæг нæй, зæгъынц активисттæ. Советон Цæдисы заманты ам сæрмагондæй уыд полигон. Фарстамæ сæ хъус дарынц республикæйы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрады. Специалисттæ æппынæдзух саразынц мониторинг.
Уалдзæджы дзуапдæттæг министрады специалисттæ ныссыгъдæг кодтой бырондоны алфамбылай. Алагиры районы администрацийæн бабар кодтой цыбыр рæстæгмæ фарста аиуварс кæнын. Ахæм егъау бырондæттæ цæрæн бынæттæм хæстæг уӕвгӕйӕ сты тæссаг. Хъæуы сæм уæлдай æргом раздахын.
Æрхоны комæн дæсгай æзты зиан цы бырондон хæссы, уый хъæуы аиварс кæнын. Уый, фыццаджыдæр, у муниципалон структурæтæ æмæ республикæйы хицауады хæс.
















