Æгъуыссæг æхсæвтæ, дæсгай сахæттæ чингуыты уæлхъус. Уыдонæн сæ фæстиуæг — Иумæйаг паддзахадон фæлварæнæй 100 баллы. Нæ æрмæджы хъайтартæ сты дæнцæгæн хæссинаг. Фæлварæны сæрты æнтыстджынæй кæй ахызтызты, уый ууыл дзурæг у, æмæ экзамен кæй ис раттæн. Уый тыххæй та хъæуы хъæддых фæлæууын æмæ хиуыл баууæндын. Æмæ кæд нæ хъайтартæй иуæн уый йæ нысан уыд, уæд иннæйы та йæ æнтыст дисы бафтыдта.
Хъазæнтæ бигæйæ, 11 къласы ахуырдзау Ирæ йæхи цæттæ кодта Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ литературæйæ. Афæдзы дæргъы йæхиуыл бæстонæй бакуыста. Ууыл дзурæг у, æнæ искæй æххуысæй Чацкийы монолог кӕй зоны, Ахмадулинайы æмдзæвгæты сусæгдзинæдтæ кæй базыдта, уый. Æппæт уыцы зонындзинӕдтæ зæрдыл бадарын кæд æнцон хъуыддаг нæ уыд, уæддæр разынд æнтыстджын. Уæвгæ, йæхи фыццæгты уырнгæ дæр нæ кодта.
Йе ‘мкъласон Сашæ дæр фæлварæны 100 баллы райста. Йæ ахуыргæнджытæ йæ куы бафарстой, цавæр æнкъарæнтæ дæм сæвзæрд, зæгъгæ, уæд дзуапп радта, æхсызгон ын кæй уыд. Ныртæккæ чызг йæхи цæттæ кæны рауагъды тыххæй кадджын мадзал «Алые Паруса»-мæ Петербургмæ. Уым ма, Сашæйæ уæлдай, нæ республикæйæ архайдзæн дыууæ рауагъдоны. Ахæм кад сын скодтой сæ хорз ахуыры тыххæй. Бæрæгбонмæ йын уæлæдарæс равзарын зын у, фæлæ йæ фидарæй зоны юрист кæй суыдзæн.
Афтæ ахуыр кæнын, цæмæй канд дæхæдæг нæ, фæлæ ма дæ ахуыргæнджытæ дæр сæрыстыр куыд уой. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты 30-æм скъолайы. Ам педагогтæ æрвылбон сывæллæттæн удуæлдæйæ амонынц ног æрмæг. Сæ куысты хатдзæг — æрвылаз 100 баллыл фæлварæн чи радты, ахæм ахуырдзаутæ.
Фæлварæнты рæстæг нырма нæ фæцис. Фæстаг уыдзæн 2 июлы. Ныртæккæ рауагъдонтæ бæрæг кæнынц хатдзæгтæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ йæ зонындзинæдтæ сæдæ балы аккаг кæмæн систы, уыдоны бæрц фæфылдæр уыдзæн. Ныр та уал нæ регионы сты астæй.
















