Беслæны аэропорты сӕмбӕлдысты хъæбысхæстæй Европӕйы ерысты уӕлахиздзаутæ ӕмӕ призертыл. Тогойты Артур рамбылдта сыгъзӕрин майдан нæуæдз дыууæ килограммы онг уӕзы. Кæронбæттæны ирон спортсмены къухы бафтыд цалдӕр ныфсджын уӕлахизы. Финалы та 11:0 хыгъдимӕ рамбылдта Туркаг ныхмӕлӕууӕджы . Ноджы ма иу сыгъзӕрин майдан — Беслехъоты Зауырмæ. Цӕгат Ирыстонӕй иунӕг спортсмен у бӕстӕйы иугонд командӕйы грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй. Сæдæ дыууын фондз килæйы онг уӕзы æвзист хæрзиуæр рамбылдта Гӕбуты Сослан. Челдыты Инал та — бронзӕ майдан æвдай цыппар килограммы онг уӕзы.
















