Цырд архайд, къæхты раст айст æмæ гуыры æвæрд. Æвзонг хъазахъхъæгтæ равдыстой æфсæддон цæттæдзинад, уыимæ ма стыр аргъ скодтой сæ фыдæлты историйæн. Уæдæ æхсаргардæй ерысы дæр бацыдысты. Иннæтæй сæрæндæр разынд Деметы Миленæ. Чызг ахуыр кæны фарæстæм къласы æмæ иттæг хорз архайы хæцæнгразæй. Ахуыр кодта хибарæй, бахъуыд æй æрмæст дыууæ мæйы.
“Хæрзконд, аив æмæ кады аккаг”, ахæм расидтимæ райдыдтой ерыстæ. Ацы хъæзтытæ снысан кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азæн. Программæйы æртын алыхуызон конкурсы. Хæрианг кæныны ерысы чызджытæ цæттæ кодтой хæрзад хъæбынтæ картофимæ, къабускаимæ æмæ къæдоримæ. Фынгтæ сæ бæркадæй жюрийы уæнгты дисы бафтыдтой. Фæсивæд алцыдæр сæ ныййарджытимæ сцæттæ кодтой.
Конкурс “Золотые ручки”-йы архайæг чызджытæ бахуыдтой къухмæрзæнтæ хъазахъхъаг орнаментимæ. Уымæй уæлдай ма эстафетæтæ сарæзтой æфсондзогтимæ æмæ æндæртæ.
Ахæм мадзæлттæ скъолайы аразын хорз хъуыды у, уымæн æмæ ацы бынæтты цардысты хъазахъхъæгтæ, дзуры Людмила Корниенко. Хъазахъхъæгты æрвылазон хъæзтыты Æрыдоны арæзт цæуынц 20 хатт. Архайджытæ иууылдæр райстой лæвæрттæ æмæ Кады гæххæттытæ. Ерысты кæронбæттæн уыд адджын аходæн.
















