Ахуырадон центр “Вершина”-йы бæстонæй цæттæ кæнынц историйæ æппæтуæрæсеон олимпиадæмæ. Бæстæйы раззагдæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты зондамонджытæ æрвылбон амонынц лекцитæ æмæ семинартæ.
Ацы аз проекты географи апарахат. Архайдтой дзы 40 адæймаджы Ямал-Ненецты автономон зылдæй Мæскуыйы облæсты онг. Интенсив ахæсдзæн 4-æм ноябрьмæ æмæ фæсивæдæн æххуыс уыдзæн олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæнмæ хуыздæр бацæттæ кæнынмæ.
Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ æмбырдтæ арæзт вæййынц æрвылаз. Нæ горæт ныр дыккаг хатт суазæг кодта истори уарзджыты æгас Уæрæсейæ.
















