Александр Пушкины æмдзæвгæты æмбырдгонд, 1937 азы уагъд. Цал æмæ цал адæймаджы къухты уыд, уый зын зæгъæн у. Йæ сыфтæ æмæ сюжетыл мингай адæймæгтæ ахастой цæст. Чиныг библиотекæйы рауагъдты рагондæртæй у. Хуымæтæг том нæ, фæлæ фæлтæртæ бæттæг.
Фæлæ, библиотекæйы дирекор Хъуппеты Жаннæйы ныхасмæ гæсгæ, сæйраг фонд сты нырыккон рауагъдтæ. “Æппæтæй зынаргъдæр — ног чиныджы хæрздæф”, — зæгъы директор.
Жаннæ йæ куыст æгæронæй уарзы. Æмæ уыцы разæнгарддзинад иннæты дæр размæ кæны. Ног рауагъдтæ сахатгай дæр æвзардзæн, литературæ, фысджытæ æмæ жанрты кой кæндзæн æвæллайгæйæ. Чингуытæ — йæ хуыздæр хæлæрттæ.
Æмæ ахæм хъуыдыйыл хæст ам иууылдæр сты. Удуæлдайдзинады дæнцæг — Хъесаты Ларисæ дæр. Тæрхæджытыл ын алы чиныг дæр зонгæ у. Чиныгкæсджытæй чи цы æрмæг бацагурдзæн, уый дæр ма базоны суанг. Равзæрст дæсныйад зæрдæйæ уарзы. Бацæттæ кæны æрмæг алыхуызон мадзæлттæм. Сæйрагдæрыл нымайы чиныгкæсджытимæ хорз ахастдзинæдтæ.
Чиныгдонмæ æппынæдзух чи цæуы, уыдоны тыххæй хицæн истори ис радзурæн. Сæ уæгъд рæстæг иууылдæр ам æрвитынц. Скъоладзаутæ цæттæ кæнынц хæдзармæ куыст, пенсиисджтæ уацмыстæ ногæй кæсынц, фæсивæд та æрбацæуынц литературон изæртæм. Сæ иу — Биазырты Таймураз, хæрзчысылæй бауарзта чиныг.
Чиныгкæсджытæ æмæ бибиотекæйы кусджыты уарзондæр — мадзæлттæ. Ам вæййы литературон изæртæ æмæ тематикон клубы фембæлдтытæ, бинонты программæтæ. Æмæ уыдоны рæстæг ирдæй рабæрæг вæййы — бæстыхай къаннæг æмæ зæронд у, кæд æй аив кæнынц æппынæдзух, уæддæр. Уæдæ æдасдзинады домæнтæн дæр дзуапп нæ дæтты. Сцалцæг æмæ йæ фæуæрæх кæныны фадат дæр нæй.
Æрæджы хъуыддаг цæхгæр фæивта. Федералон проект “Бинонты хæзнатæ æмæ культурæйы инфраструктурæ”-мæ гæсгæ Æрыдоны чиныгдонæн рахай кодтой ног бæстыхай.
Ног чиныгдон зæрондмæ хæстæг у, дыууæуæладзыгон бæстыхай стыр кæртимæ. Стыр тыгъдады фæрцы фарстаты фылдæр фæстейæ аззайдзæн. Хæстæг рæстæг дзы цæудзæн бындурон цалцæг. Аразджытæ агъуыстыты ‘хсæн къултæ айсдзысты, пъолтæ, цар, рудзгуытæ баивдзысты. Сараздзысты уæрæх кæсæн залтæ.
Чиныгдоны царды — ног уддзæф. Рагон рауагъдтæ æмæ ног чингуытæ бахъахъхъæныны хъуыддагыл та кусджытæ зæрдиагæй архайдзысты раздæрау. Уый æнæивгæ у дæсгай азты дæргъы.
















