Сергей Меняйло Уæрæсейы Президенты исæн уаты фембæлд Цæгат Ирыстоны цæрджытимæ. Бынаты иуварсгонд æрцыдысты æхсæнадон хъуыддæгтимæ баст 10 курдиаты. Республикæйы разамонæг æркаст цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, фæндæгты арæзтады æмæ социалон æххуысы фарстатæм. Фембæлды архайдтой профилон министртæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Земнуховы уынджы цæрæг бахъаст кодта донуадзæны арæх авариты тыххæй. Бынаты афæдзы кæронмæ баивдзысты хæтæлты 500 метры. Калойы-фырты уынджы бахæс кодтой фæндаг нормативон уавӕрмӕ ӕркӕнын 2027 азы бындурон цалцӕгады райдайӕнмӕ.
Алагиры цæрæг бафарста Энергетикты КвартАлы хæрзвадат адарддæр кæныны фæдыл. Дзуапп райста 2027-æм азы дыккаг къæпхæны. Уыимæ ма районы администрацийæн бахæс кодтой 8-ӕм ӕмӕ 9-ӕм хӕдзӕртты цур хæдтулгæтæн лӕууӕн бынӕттӕ кӕй нӕ фаг кӕны, уыцы фарста аиуварс кæнын. Беслæны цæрæг фæсидт курдиатимæ Плийы-фырты уынджы сквер рацаразыны фæдыл. Арæзтады министрадæн хæсгонд æрцыд объект сног кæныны дизайн-проект цӕрджыты хъуыды хынцгӕйӕ саразын. Сергей Меняйло бадомдта муниципалитетты сӕргълӕуджытӕй адӕммæ информаци бæлвырддæрæй хæццæ кæнын. Æппӕт объектты дӕр хъуамӕ ӕвӕрд ӕрцӕуа информацион баннертӕ куыстыты ӕмгъуыдимæ ӕмӕ подрядчикты бӕрӕггӕнӕнтимӕ. Ног Бæтæхъойыхъæуы ма баххуыс кæндзысты сæ хæдзар цы бинонтæн басыгъд, уыдонæн.
















