preloader
сейчас в эфире
05:56
МУЗЫКА 12+
Смотрите Далее
06:00
МУЗЫКÆ 12+
06:30
ÆНУСОН ФАРН. ФЕДОР КАЛЛАГОВ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКА 12+
close

Афтæ рауайы æмæ адæймаджы цард минутмæ фæивы

16.07.2025 13:59

Ацы хæдзар Фиалетæйы сæры хицау арæзта йæхæдæг. Йæ амæлæты фæстæ та йæ фырттæ Хъазыбег æмæ Чермен. Скъаты фарсмæ балæууын йæ бон алкæмæндæр у. Чысыл æхца дæр ныртæккæ бинонтæн стыр æххуыс у.

Афтæ рауайы æмæ адæймаджы цард минутмæ фæивы. Æрæджы Æрыдоны æрцыд зынгсирвæзт. Скъаты бинонтæ ссæдз азæй фылдæр сæхи тыхтæй цы хæдзар арæзтой, уый басыгъд. Арт иу дзаумайыл дæр нæ бацауæрзта. Суанг ма сæ хæдтулгæ дæр фыдбылызы амæттаг бацис. Ныртæккæ бинонтæ цæрынц сæ сыхæгтæм. Дарддæр цы кæной æмæ цæмæй райдайой, ууыл катай кæнынц. Хъыгдард баййафджытимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд.


Æхсæвы дыууæ сахатмæ ‘ввахс бинонтæ райхъал сты сæ кæстæр Сосланы фæдис хъæртæй, дзуры Скъаты Фиалетæ. Нæ амондæн, лæппу уыцы афон фынæй нæ уыд. Хæдзарæй зынтæй раирвæзтысты. Хæдзар арты æвзæгты ахæсты уайтагъд баци.
Фиалæ йæ фырт Хъазыбегимæ ралыгъдысты цæхæрадонмæ. Зынгхуыссынгæнджытæм фæдзырдтой сæ цурты чи æрцæйцыд,
ахæм лæппутæ. Уавæр фембæрстой æмæ сын баххуыс кæнынмæ баздæхтысты. Фæфæдис сты сыхæгтæ дæр.

Сахаты æрдæгмæ хæдзар басыгъд. Сыхаг Боциты Людмилæ уыд зынгсирвæзт фыццаг чи федта, уыдонæй иу. Æхсæвы сыстад дон нуазынмæ, æмæ раст цыма исчи хæцæнгарзæй æхста, ахæм уынæр æм хъуыст уынгæй.

Мæ уæлæ цы уыд, уыдоны уынгмæ атагъд кодтон. Дуармæ ничи уыд. Цалдæр хæдтулгæйы рацæугæ федтон æрмæст. Нæ фæндагыл æхсæвыгон дæр бирæ машинæтæ вæййы. Фыццаг кæй федтон, уый сæ кæстæр Сосланы. Мидæггаг дарæсы фæдис хъæр кодта. Сыхæгты чызг дæр ма сæм балылгъд. Дарддæр кæйдæр хъæрæй дзургæ хъуыстон, уый фæхабар кодта зынгхуыссынгæнджытæм.

Зынгхуыссынгæнджытæ бынатмæ сæмбæлддысты 2 сахаты æмбисыл. Æвæстиатæй æппæт ифтонггæрзтæ æрцæттæ кодтой æмæ балæууыдсты арт хуыссын кæныныл. Фæлæ сын уыцы тыхтæ фаг нæ уыдысты, æххуысмæ бахъуыд Дигора æмæ сыхаг æфсæддон хайадмæ фæсидын.

Фыццаг чи фæфæдис, уыдон сыхæгтæ нæ уыдысты. Фæлæ центры бирæуæладзыгон хæдзарæй цæрджытæ. Сæ рудзгуытæй федтой арт. Стæй Ленины уынгæй дæр, зынгхуыссынгæнæн хайад кæм ис, уырдыгæй дæр адæм æрбацыдысты.

Зынгсирвæзт ахуыссын кодтой 3 сахатмæ хæстæг. Дыккаг бон бинонтæ райдыдтой хæдзары хæйттæ æвзарын. Æххуысмæ æрбацыдысты се ‘ппæт дæр, зæгъы Фиалетæ.

“Всем всем большое спасибо. Я даже не знаю, что сказать этим пацанам, которые три дня от нас не отходили. Всё выгребли, все, все, все”

Ацы хæдзар Фиалетæйы сæры хицау арæзта йæхæдæг. Йæ амæлæты фæстæ та йæ фырттæ Хъазыбег æмæ Чермен. Скъаты фарсмæ балæууын йæ бон алкæмæндæр у. Чысыл æхца дæр ныртæккæ бинонтæн стыр æххуыс у.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Тамеран Тменов I По большому счету
30.10.2026
Хæдзарадон I 30.10.2026
30.10.2026
Йæ рæстæгыл I Мæхæмæтты Ахуырбеджы мысæн мадзал, Мерденты Хъайсыны номарæн æмæ фестиваль «Алтын Майдан-Алания»
30.10.2026
Между двумя мирами I ДОК
30.10.2026
Доброе утро, Осетия! I 30.10.2026
30.10.2026
Тактика I 29.10.2026
29.10.2026
Подробнее I 29.10.2026
29.10.2026
Самое время I Операции на открытое сердце в республике; реабилитация участников СВО и актуальные новости недели
29.10.2026
29.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
29.10.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон ! I 29.10.2026
29.10.2026
Заур Цоков I Истории из жизни
28.10.2026
Диана Худалова | Дело мастера
28.10.2026
Межконфессиональные отношения I Национальные интересы
28.10.2026
28.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
28.10.2026
Донифарс. Ледник Тана I Вокзал для двоих
27.10.2026
Все рекомендуемое