preloader
сейчас в эфире
04:23
ÆЛХУЙНÆ 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
04:30
БЕЗ ТОРМОЗОВ 12+
04:50
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
ТВ ПРОГРАММА
ÆЛХУЙНÆ 12+
close

Агропромышленнон комплексы рӕзты фарстаты фӕдыл ӕмбырд ацыд Дзанайты Барисы разамындæй

17.02.2026 19:53

Абон республикӕйы скъолаты ӕнтыстджынӕй кусынц агро-кълӕстӕ.

2026 азмæ хъӕууон хӕдзарады рӕзтӕн рахай кодтой 2 млрд сомы бӕрц. Ууыл ныхас цыд Хицауады сӕрдар Дзанайты Барис агропромышленнон комплексы рӕзты фарстаты фӕдыл цы ӕмбырд сарӕзта, уым. Абон республикӕйы скъолаты ӕнтыстджынӕй кусынц агро-кълӕстӕ. Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цы сӕрмагонд кабинеттӕ байгом кодтой, уым сывӕллӕттӕн ис фадат практикон зонындзинӕдтӕ райсынӕн. Ахуыртӕ иудадзыг амонынц профилон уӕлдӕр ахуыргӕнӕндæтты ахуыргӕнджытӕ. Уымӕй уӕлдай, фӕсивӕд ацӕуынц агропромышленнон куыстуӕттӕм. Хъӕууон хӕдзарады министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Мӕхъиты Алан куыд радзырдта, афтӕмӕй абон дарддӕр кусынц инвестортимӕ, цӕмӕй ацы аз ноджыдæр байгом уа 7 агро-къласы. Дзанайты Барис сӕвӕрдта хӕс, цæмæй 1-æм сентябрьмӕ цӕттӕ уой. Ӕмбырды иу ахсджиаг темӕ ма — хъӕууон хӕдзарады тыллӕг ӕмӕ хъӕддыхдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны тыххӕй донхорыгы рӕзт. Фарон сæ тыхы бацыдысты 3 сæрмагонд проекты Кировы ӕмӕ Мӕздӕджы районты, ӕдӕппӕтӕй сæ субсидиты бӕрц у 129 млн сомы. 2026 азы пъланы ноджыдæр 5 проекты ис. Уый фадат ратдзӕн 1300 гектары зӕхх эксплуатацийы ауадзынӕн. Ныхас ма цыд агротуризмы дарддӕры рӕзтыл. Ацы къабазы куыстуæттæ 2024-2025 азты райстой 230 млн сомы федералон гранттӕ. Сæххæст кодтой 23 проекты. Ацы аз та 12 проектæн нысангонд æрцыд 114 млн сомы.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
Все рекомендуемое