preloader
сейчас в эфире
02:01
ХОР (2-АЯ СЕРИЯ) 16+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
02:30
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
02:50
ТАЙНА НА КАРТЕ. ГРАД КИТЕЖ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ХОР (2-АЯ СЕРИЯ) 16+
close

“Агростартап” райсынæн курдиæттæ бадæттынц дæсгай адæм

11.11.2024 13:23

Программæ ахæсдзæн дыууæ мин æртынæм азмæ.

Цæрæгойтыл æнувыд куы нæ уай, уæд дæ хъуыддагæй ницы рауайдзæн, – зæгъы Дзæгъойты Барис. Уыдон зæрдæ зонынц. Хорз сæм куы зилай æмæ сыл куы узæлай, уæд уыдон дæр знæт нæ кæнынц. Фосы дзугы раздзогтæ сты Мишæ æмæ Гришæ. Ацы зырхон галы та йæ сау, бæзджын хъуыны тыххæй схуыдтой Пандæ. Йæ хицауы арæх бахъæлдзæг кæны, уыимæ ма иннæты ахуыр кæны миты бын хæринаг агурыныл.

Фосы дзуг егъау у. Ис дзы сæдæ дыууæ сæры. Англисаг Герефорд мыггаг дзидзайы тыххæй дарынц. Æрмæст дæс-дыууадæс мæймæ иуы рæстæмбис уæз схизы дыууæ сæдæ æвдай килæмæ. Æппæты фылдæр та тоннæйы æрдæгмæ. Дзæгъойты Барис фыццаг галты балхæдта цалдæр азы размæ Волгограды. Зæгъæн ис, æмæ æрвылаз хизынц быдыры. Ам Лескенмæ хæстæг кæрдæг сойджын у. Зымæгмæ та Барис бацæттæ кæны хос. Æрмæст сæ уымæй дары, уæлæмхасæн æм ницы ‘фтауы.

Ацы хатт хæрзмыггаг галты æлхæнæг у КоЖаты Людмилæ. Æрæджы рамбылдта грант “Агрогрант” “Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомадæн æххуысы” национ проектмæ гæсгæ. Стурвос ласынмæ æрцыд йæ фырт Георгий. Лæппу йæ мадæн æххуыс кæны фермæйы.

Барисмæ фæсидыны уынаффæ сын рахастой республикæйы хъæууон хæдзарады министрады,- дзуры Георгий. Ацы аз “Агростартапы” архайдта сæдæ фæндзай амалхъом адæймаджы. Гранттæ раттынц æрвылаз. Ахæм хуызы фермертæн æххуыс кæнынц, цæмæй къабаз дæрддзæф хъæуты дæр рæза.

Программæ ахæсдзæн дыууæ мин æртынæм азмæ. Ныридæгæн фермерон хæдзарадтæ æмæ амалхъом адæм кондады хъомыс фæфылдæр кодтой сæдæ авд проценты онг. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм хорз бæрæггæнæнтæ къухы бафтыд нацпроекты фæрцы. “Агростартап” æцæгдæр кусы, ууыл дзурæг сты нымæцтæ. Ног азы хъæууон хæдзарады рæзтыл дарддæр кусдзысты.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Все рекомендуемое