Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты ирон фыссынады бындурæвæрæг Гæбæраты-Æгъуызаты Иуанейы. Ацы бон 1821-æм азы рацыд Иуанейы арæзт дамгъуат ирон æвзагыл. Мадзал аразæг — ахуырадон центр «Эрудит». Сбастой йæ чиныджы рауагъды 200 азы юбилеимæ.
Центры ахуырдзаутæ ирон фыссæджы номыл ӕвӕрд цыртдзæвæнмӕ бахастой дидинджытæ. Радзырдтой, Æгъуызаты Иуане ирон æвзагмæ цы егъау ӕвӕрӕн бахаста, уый тыххæй.
















