Пандемийæйы уавæрты амалхъомадæн æххуысы фарстатыл æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны хицауады хæдзары. Æмбырд амыдта премьер Дзанайты Барис.
Регионы амалхъом адæмæн паддзахадон æххуысы тыххæй радзырдта экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр. Æххуыс райсæн ис льготæтæ, кредиттæ æмæ консультациты хуызы. 2021 азы 11 мæймæ центр «Мой бизнес» баххуыс кодта 17 мин хаттӕй фылдæр, хи куыстуат кæмæн ис, стæй амалхъомады йæхи бафæлварын кæй фæнды, уыдонæн. Арæзт цыдысты ахуырадон фембæлдтæ, центры специалисттæ адæмæн æххуыс кодтой бизнес-пълан саразынмæ дæр.
Республикæйы амалхъомады субъекттæ архайынц æппæтдунеон равдыстыты. 9 куыстуаты сæ продукци æрвитдзысты фæсарæнтæм. Дзуапдæттæг министрад стыр æргом æздахы социалон амалхъомадмæ. Æххуыс сын кæнынц грантты хуызы. Уый къухы бафтыд нацпроекты фæлгæты. Конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ 3 милуан сомы бæрц субсидитæ рахай кодтой 6 куыстуатæн.
Æмбырды кæронбæттæны Дзанайты Барис фæнысан кодта, амалхъомад регионы цы риссаг фарстатимæ æмбæлы, уыдоныл кӕй хъæуы иумæйагæй бакусын.
















