Уый тыххæй фехъусын кодта бæрнон ведомствæйы æмбырды ахуырад æмæ наукæйы министр Ирина Азимова. Куыд зæгъы, афтæмæй ведомствæйæ цы аразгæ у, ууыл архайынц. Кусынц рад фæкъаддæр кæныныл. Фарон азы федералон программæмæ гæсгæ 4 рæвдауæндоны арæзтадæн æхцайы фæрæзтæ радих кодтой. Хицæн ахуырады агъоммæ скъолатæн райдыдтой субсидитæ фидын. Ахуырадон бæстыхæйтты уавæр куы райсæм, уæд республикæйы 150 скъолайæн се `рдæг заууатмæ æрцыд. Ивгъуыд азы ма республикæйæн бантыст 170 милуан сомы рауæлдай кæнын федералон бюджетæй. Уыцы фæрæзтæй арæзт æрцыд Сырх-Дыгуры ног скъола 360 бынатæн. Министрады уыцы куыст дарддæр дæр хæццæ кæндзысты. Скъолайы агъоммæ ахуырады фадæттæ фенцондæр уыдзысты. Ныртæккæ уал бадзырдтæ бафыстой рæвдауæндæттимæ, цæмæй сыл уæлæмхасæн бæстыхæйттæ бафтауой, уый тыххæй.
«Сывæллонæн йæ ахуырады райрæзтмæ æргом здахын хъæуы хæрчысыл бонтæй. Хъомыладмæ нæй кæсæн æвæлмæст æмæ куыд фæндыйы цæстæнгасæй. Сабитæ хъуамæ исой хæрзхъæд зонындзинæдтæ, цæмæй сæ дарддæр дæр царды пайда кæной. Уыцы хъуыддаг та аразгæ у махæй, æмæ сын аразæм хъæугæ уавæртæ», – РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Ирина Азимова.
















