Хæххон аграрон университеты студенттæ уадзынц, зæххыл арæх чи не `мбæлы, ахæм мæргътæ. Уыимæ ма сын скæнынц цæрынæн æнцон фадæттæ, цæмæй мах боныхъæдыл фæцахуыр уой, уый тыххæй. Фæлтæрæнæн университеты скодтой сæрмагонд лаборатори. Уым æрмæст ног мæргътæ рауадзыныл нæ архайынц, фæлæ ма сын уыимæ се `схæссыны хъуыддаг дæр фæрогдæр кодтой. Æрхъуыды сын кодтой сæрмагонд хойраг. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Пряхина Кристинæ гыццылæй нырмæ бæллыд ацы дæсныйадмæ. Скъола каст куы фæци, уæд æй зыдта дарддæр ахуыр кæнынмæ кæдæм цæудзæн, уый – ветеринарон факультетмæ. Æртæ азы дæр æххæстæй нæма ахуыр кæны, фæлæ зæгъæн ис æмæ йæ къухы бафтыд стыр æнтыстдзинæдтæ. Аграрон университеты студенттимæ сæ бафæндыд сæ зонындзинæдтæ практикæйы ныффидар кæнын. Сæххæст кодтой се æрхъуыдыдзинад æмæ ныр ветеринарон факультеты кусын райдыдта зæххы къорийы стæм хатт чи æмбæлы, ахæм хæдзарон мæргъты хъомылгæнæн.
«Мах сарæзтам дунейы арæх чи не`мбæлы, ахæм хъæууон-хæдзарадон мæргътæн питомник. Ныртæккæ нæм ис орпингтонтæ æмæ кохинхинтæ. Кохинхинтæ уæз вæййы 6-7- килгораммы. Ис ма нæм дзидзаджын фавероли æмæ браматæ. Браматæ къуыртты банынæн тынг хорз сты. Афæдзы дæргъы æфтауынц 320 боны, ома æрмæст 2 мæйы айк нæ дæттынц», -загъы Кристинæ.
Хуымæтæг питомник нæу. Ам æрыгæттæ кæнынц æцæг генетикон фæлтæрæнтæ. Уыдоны æххуысæй зæххыл арæх чи не`мбæлы, ахæм мæргъты мыггæгтæн æххуыс кæнынц ног æрдзон уавæрты цæрын. Сæ хиуыл куы фæхæцынц, сæхи хуыздæр æнкъарын куы райдайынц, уæд сæ пайда дæр бирæ фылдæр вæййы. Студенттæ скодтой иу селекцион фæлварæн – баиу кодтой австриаг æмæ хуымæтæг кæрчы мыггæгтæ. Æнтысджын рауад, ныридæгæн сын цъиутæ дæр рацыд. Фæлæ лабораторийы æрмæстдæр ног мыггæгтыл нæ архайынц. Фæнды сæ экологон домæнтæн дзуапп чи дæтты ахæм куыстадмæ рахизын. Уый тыххæй антибиотикты бæсты цъиутæн дæттынц зайæгойтæй конд хостæ, пайда кæнынц алыхуызон кæрдæджытæй. Сæхи ныхæстæм гæсгæ уый пайдадæр у.
Джагаты Алан – хæххон аграрон университеты студент: «Ацы проект снысан кодтам цъиутæн фитопрофилактикон мадзæлттæй бакусыны тыххæй. Органикон бауæргъæдтæ раивтам се`нгæстыл, уыдон арæзт сты алыхуызон кæрдæджытæй. Уыдоны æххуысæй мæргъты иммунитет дæр фæуæлдæр вæййы, сæ ас æмæ уæзыл дæр бафты, пайда сты сæ рæзтæн æмæ метаболизмы процессæн дæр».
Студенттæ цъиутæн цы ног хæринæгты хуызтæ æрхъуыды кодтой, уымæ гæсгæ сæ холлаг ссис пайдаджын. Уый та сæ разæнгард кæны æндæр нодзинæдтæм. Бакуыстой æмæ æрхъуыды кодтой хъуына куыд нæ фæзына, ахæм мадзæлттæ. Студенттæ сæ куыст раст æмæ хорз кæй кæнынц, уымæн æвдисæн у мæргътæ сæхи куыд дарынц æмæ куыд æнкъарынц, уый. Уæдæ зымæджы дæр хæринаг хъуаг нæ вæййынц. Цы ног хойраг сын æрхъуыды кодтой, уымæн йæ аргъ 1 киллограммæн – 1 сом у. Ацы ногдзинад сæхиуыл ныффидар кодтой.
Ам студентты куыстытæн æрмæст стыр аргъ нæ кæнынц, фæлæ ма дзы спайда кæнынмæ батагъд кæнынц. Университеты разамынды хъуыдымæ гæсгæ, ацы куыст у аргъ кæмæн нæй ахæм. Сæ ахуыргæнæндоны рауагъдæттæ та свæййынц наукон куысты фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм специалисттæ.
Ацы къорды минæвæрттæ куыд регионалон, афтæ æппæтуæрæсеон æркастты систы уæлахиздзаутæ. Сæрды ацæудзысты Машукмæ. Студенттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм бирæ фæндтæ ис. Уыдонимæ ма ног æмæ цымыдисаг æрхъуыдыдзинæдтæ.
















