Алагиры дарддæр цæуы дондзæуæн хызæгты рацарæзт. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц сæйраг уынгты. Ног хæтæлтæ сæдæ азы ивын нæ хъæудзæн. Сæвæрдзысты магистралы дыууæ фарс дæр. Куыстытæ цæуынц бæлвырд æмгъуыдæй тагъддæр. Ацы аз хызæгтæ баивдзысты Хетæгкаты Къостайы номыл уынджы.
Коммуникациты цалцæг цæуы федералон программæ «Чистая вода»-йы фæлгæты. Æххæст ӕй кæндзысты 5 азы.
















