Контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы сæ куысты гæнæнтæ цас сты, уымæй сæ уаргъ 10 хатты фæфылдæр. Кусы, суткæмæ цас æмбæлы, уымæй бирæ фылдæр. Рады лæууынц мингай хæдтулгæтæ æмæ кæнынц фылдæрæй-фылдæр. Гуырдзыстонимæ арæны сæрты ахизынмæ чи хъавы, уыдоны хъæуы уавӕр æмбарын. Цæндты аххосаг та у, 18-ӕм майы хуымӕтӕг цӕрджытӕн Гуырдзымӕ цӕуыны бар кӕй суӕгъд кодтой, уый. Бынатмæ араст сты нæ уацхæсджытæ дæр.
Мингай хæдтулгæтæ кæрæдзийы фæдыл ныххал сты. Рады дæргъ у цалдæр километры. Æмæ кæд уадзæн пункт ныртæккæ йæ хъомысæй фылдæр кусы, уæддæр рад къаддæр нæ кæны. Адæм хуры бынмæ лæууынц 9 сахатæй фылдæр. Кондиционертæ дæр алы хæдтулгæйы нæй. Кæмæ ис, уыдон та йæ арæх нæ кусын кæнынц. Артаг фæстауæрц кæнынц. Уымæн æмæ ма цас фенхъæлмæ кæсдзысты, уый нæ зонынц. Мингай адæм, се ‘хсæн сывæллæттæ, зæрæдтæ, инвалидтæ æмæ æнхъæлцау сылгоймæгтæ.
Ахæм стыр рад сæвзæрд арæнæвæрдтæ куы систой, уый фæстæ. Уадзæн пункты сæрты, проектмæ гæсгæ, хъуамæ бонмæ ахиза 3936 адæймаджы æмæ 400 хæдтулгæйы. Ныртæккæ кусы йæ хъомысæй 8,5 хатты фылдæр.
Ныртæккæ уадзæн пункты цæуынц арæзтадон куыстытæ. Уый фæрцы фæндæгты нымæц 12 фылдӕр фӕуыдзæн. Афтæ, хæдтулгæтæн уыдзæн фадат арæны сæрты æнæ къуылымпытæй ахизынæн.
















