Алагиры донæй ифтонгады уавæр фæхуыздæр. 11 донцъирæны кусынц æнæкъуылымпытæй. Горæтæн йæхи мидæг лæггад кæнынц 2 донцъирæны. Ноджы дыууæйы та кусæнгæрзтимæ сæвзæрд цыбыр фарстатæ хæстæгдæр рæстæг сæ аиуварс кæндзысты. Доны гыццыл æмвæзад баст у афæдзы афонимæ, уый аххосæй хи хæдзæртты æлхъывдад нæ фаг кæны.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, январы уазал боныхъæды аххосæй дондзæуæн магистралон хæтæл Гусарайы ‘рдыгæй ныссалд, уый аххосæй Алагиры цæрджытæ баззадысты æнæ донæй. Авари иуварс кодтой цалдæр боны.
















