Чырыстон адæм сбæрæг кодтой Чырыстийы аргъуыды бон, хонынц ма йæ Хуыцауы фæзынд дæр. Ацы бон æрымысынц Евангелийы цы цаутæ фыст сты, уыдон. Уæд цæугæдон Иорданы Чырыстийыл дзуæрттæ бафтыдтой. Аргъуанты ацыдысты бæрæгбоны фæдыл мадзæлттæ. Республикæйы цæрджытæн арфæ ракодта регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Бæрæгбоны службæмæ бахауын кæй фæндыд, уыдон афтæ бирæ уыдысты, æмæ аргъуаны се ‘ппæтæн бынат нæ рафаг. Уыдонæн уынджы скодтой стыр арт. Æрвылаз æгас республикæйæ чырыстон диныл хæст адæм сæмбæлынц Сылгоймæгты Алайнаг моладзандонмæ, цæмæй иумæ сбæрæг кæной Доныскъæфæнт.
Алайнаг моладзандоны рухс бæрæгбон. Чырыстийы фæзынды кадæн службæ ам фыццаг хатт амоны Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Герасим.
Литургийы рæстæг моладзандоны хæрæндоны цæттæ кæнынц бæрæгбоны фынг. Цæлгæнæны чырыстон адæм дæсгæйттæй æрæмбырд сты: иутæ хæринаг кæнынц, иннæтæ æвæрынц фынгтæ æмæ цатыртæ. Уыимæ ма стыр агты фыхтой хъæрмхуыпп æмæ пылæу.
Службæйы кæронбæттæн Дзуæртты нывтимæ цыд моладзандоны цадтæм. Æмæ ам сæйрагдæр мадзал — доныл аргъуыд. Алчидæр куывта Дунесфæлдисæгмæ, куырдта йæ уд тæригъæдтæй ссыгъдæг кæнынмæ. Хуыцаумæ бакуывды фæстæ райдайынц агъуыды мадзæлттæ доны. Кæд уынджы уазалæй æрлæууæнтæ дæр нæ уыд, уæддæр доны бахизынмæ адæм рады слæууыдысты. Сæ æнкъарæнтæ æмбæхсгæ дæр нæ кодтой.
Ам бынаты рад хастой мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты кусджытæ. Уыимæ ма тагъд æххуысы машинæ. Хъарм цатырты æрбацæуджытæн лæвæрдтой хъарм цай æмæ сæн. Егъау бæрæгбоны æдасдзинады домæнтæ бæстонæй æххæстгонд æрцыдысты.
Службæйы фæстæ адæм цадты разæй æмæ моладзандонæй ацæуынмæ нæ тагъд кодтой. Бæрæгбоны æнкъарæнтæ афтæ тыхджын разындысты, æмæ адæм æрбангом сты. Чырыстон адæм ныхæстæ кодтой, суанг боныцъæхтæм кафыдысты æмæ зарыдысты.
















