Алагиры районы донуадзæн хæтæлтæ ивыны куыст цæуы ӕмгъуыдӕй тагъддӕр. Уый тыххæй кусæг балцы хатдзæгтæм гæсгæ фехъусын кодта цæрæнуæтон-коммуналон хæдзарад, артаг æм энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Сараздзысты донцъирæн «Лæц». Йæ дæргъ уыдзæн 14 километры. Скусын æй кæндзысты Фыййагдоны. Поселоккæй Гуысырайы доны гуырӕнты онг ауадздзысты коммуникациты 17 километры. Регионалон программæйы фæлгæты дыууæ проекты райрæзтæн рахай кодтой миллиард сомæй фылдæр. Æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фӕуой иннӕ азы кæронмæ. Хæтæлтæ сты нæ бæстæйы уагъд, дзуапп дæттынц нырыккон домæнтæн. Æмткæй райсгæйæ, 2025-æм азы кæронмæ Алагиры районы бакусдзысты 5 проекты райрæзтыл, сæ иумæйаг аргъ 3 миллиард сомы бæрц.
Дзуапдæттæг министр Таматы Майрæны ныхæстæм гæсгæ, Алагиры районы доны хызæгты 80% уыдысты заууат уавæры. Ныр коммуналон инфраструктурæйы модернизацийы регионалон программæйы руаджы хъæрзхъæд нуазыны донæй сифтонг кæндзысты 40 мин адæймагæй фылдæры.
















