Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны программæмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуы саив кæндзысты 19 æхсæнадон бынаты. Кæцыдæр фæзуæттыл ныртæккæ куыстытæ сты сæ тæмæны. Скверты ивынц асфальт, бандæттæ, бырондæттæ æмæ рухсы цæджындзтæ. Хуры тæвдæй бамбæхсæн уыдзæн цъæх бæлæсты аууоны, изæрыгон та — сыгъдæг уæлдæфæй аулæфæн. Горæты цæрджытæ æмæ уазджытæм цавæр æхсызгон ногдзинæдтæ æнхъæлмæ кæсы, уыдоны тыххӕй ме ‘мкусджытæ радзурдзысты.
Къахвæндæгтæ баихсыдысты, сæ алыварс та нæ рухсгæнæнтæ уыд нывыл, нæ бырондæттæ. Ахæм уавæры æрæджы дæр ма уыд, Къостайы проспект æмæ, Леваневскийы номыл уынджы тигъыл цы сквер ис, уым. Ныр, 20 азæй фылдæр зылд кæмæ нæ уыд, уыцы фæлладуадзæн бынат ног ахорæнтæй цæхæртæ скалдзæн. Нырма уал къахвæндæгтæ дурæй сæхгæдтой æмæ сарæзтой рухсытæ.
Доваторы проспект æмæ Гæдиаты Цомахъы номыл уынджы тигъыл цы сквер ис, уым кустытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Æрмæст ма дзы баззад бандæттæ æмæ бырондæттæ сæвæрын, бæлæстæ æмæ дидинджытæ ныссадзын. Уæдæ Калинины уынджы цы аллей ис, уый дæр ноггонд цæуы. Рухсы цæджындзтæ æмæ электрон хызæгтæ цæттæ сты. Ныртæккæ кусджытæ æвæрынц асфальт.
Дзæуджыхъæуы хæрзфиппаинæгтæй иу — Терчы былгæрон. Ам уал аразынц æнцойгæнæн къул бетонæй. Дарддæр дзы фæзындзæн ног фæлгæсæн фæзуат, рацараздзысты техникон хид. Сæйраг хъуыды — дыууæ былгæроны баиу кæнын.
Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы саив кæндзысты 19 æхсæнадон фæзуаты. Æппæт куыстытæн дæр сæ нысан у иу — цæрджыты цард æмæ улæфтæн аккаг уавæртæ саразын.
















