Хъармгæнæн рæстæг æрхæццæ кæны. Республикæйы йæм цæттæ кæнын райдайынц сæрды. Специалисттæ бæрæг кæнынц хъармгæнæн хызæгты уавæр. Зымæгмæ бæстонæй цæттæ кæнынц Алагиры районы коммуналон службæтæ. Уым аразынц æмæ цалцæг кæнынц хъармгæнæнтæ.
Раздæры хъармгæнæн лæвæрдта тæвд æвзæр, йæ уынæр та афтæ цыд, æмæ цæрджыты фынæй кæнын нæ уагъта. Фæлæ уавæр хуыздæры ‘рдæм иавта, ивгъуыд аз сарæзтой ног. Ныр хæдзæртты у хъарм æмæ сабыр. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, арæхдæр бауыромы хъармгæнæн агты куыст. Аххосаг та – Алагиры район донæй цух кæй æййафы, уый. Хъармгæнæн хызæгты къултыл цы нæ сбады æмæ сæ формæ аивынц, аскъуыттæ вæййынц.
Æмткæй райсгæйæ, Алагиры ис 31 чысыл хъармгæнæны. Лæггад кæнынц 48 бирæуæладзыгон хæдзарæн æмæ 4 мин 500 адæймагæн. 25 дзы цæттæ сты хъармгæнæн рæстæгмæ. 6 дзы цæуынц профилактикон куыстытæ. Фæуынвæнд сæ кæыннц мæйы кæронмæ. Ифтонггæрзтæй ивинаг чи у, уыдонæй пайда кæнынц арæхстгай, цæмæй сæ куыст ма баурома. Фидæны та хъармгæнæнтæ фæнд кæнынц сног кæнын сæрмагонд программæмæ гæсгæ.
















