Алагиры районы хусгæрдæг хуыссын кæнынмæ бынатмæ араст Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Аэромобилон къорд. Уый тыххæй хъусын кæны дзуапдæттæг ведомствойы пресс-службæ. Уæлæмхасæн къорды ис 30 специалисты.
Се ‘хсæн – зынгхуыссынгæнджытæ, инженертæ, медицинон кусджытæ. Уымæй уæлдай Алагиры районы зынгхуыссынгæнджытæ Мызурмæ хæстæг уавæрмæ сæ цæст дарынц. Сæйрагдæр арт хохы фахсæй уæлмæрдмæ æрхъуызын ма бауадзын.
Хус кæрдæг кæм судзы, уыцы бынæттæм бацæуæн нæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æнæнхъæлæджы уавæрты министрады радхæссæг къорд, Дæйыхъæумæ хæстæг хусгæрдæг кæй судзы, уый тыххæй хъусынгæнианг райста знон райсомæй.
















