Аланийы уæлдæр лигæмæ ракæнын – ахæм хæс йæ размæ æвæры æрыгон футболист Езеты Марат. Турниры рæстæг пурти бакъуырдта 13 хатты. Уый у хуыздæр бæрæггæнæнтæй иу. Футболæй Марат архайы 4 аздзыдæй фæстæмæ. Йæ уарзон командæ та у Лондоны Челси. Уыдоны хъазт куы федта, уæд фидарæй снфысан кодта йæхицæн, футболист кæй уыдзæн.
Командæйы капитан Кокуаты Зауырбег куыд зæгъы, афтæмæй уæлахизы сæйрагдæр у æрвылбоны тренировкæтæ æмæ хиуыл нæ ауæрдын. Æнæ уымæй Аланийы футболисттæн нæ бантыстаид сæ сæйраг ныхмæлæууæджы рамбулын. Дагестаны Динамойæ фæразæй сты 6 баллы.
Сæйраг тренер Гурам Тетрашвили разы у йæ лæппутæй. Сæ уæлахиз у иумæйаг тыхты руаджы. Æмæ алы футболист дæр у раззагдæр. Ацы аз æвзонг фыранктæ фыццаг хатт бавзæрстой сæ тыхтæ стыр фæзыл æмæ фæуæлахиз сты. Тренировкæты дæр иу равдыстой, хъазын сæ тынг кæй фæнды, уый, зæгъы сæ тренер.
Уæрæсейы юниорты ‘хсæн ацы турнир у æппæтæй егъаудæр. Регионалон æвзæрстыты архайдтой 12 спортивон скъолайы. Уыдонæй финалмæ рацыдысты 3 командæйы. Аланийы футболисттæ та турнир фесты рагагъоммæ, чемпионаты кæронмæ ма дыууæ туры куы хъуыд, уæд. Ныр сæм, кæронбæттæны къæпхæны æнхъæлмæ кæсы 20 тыхджын командæтимæ хъæзтытæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фарон æппæтæуæрæсеон ерысты нæ республикæйы кад хъахъхъæдта командæ “Юность”, фæлæ турниры фæуæлахиз сты “Краснодар” командæйы футболисттæ.
















