Йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæймæгтæ Цæгат Ирыстоны сты 67 мины. Куыстхъом дзы сты 24 мин адæмаджы. Фæлæ дзы 19 мины æгуыстæй бадынц. Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодтой республикæйы сæргълæууæджы цур инвалидты хъуыддæгты фæдыл æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег.
Æмбырды ныхас кодтой инвалидты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Сæйрагдæр та сын куысты бынæттæ скæнын. Уый тыххæй сын, фыццаджыдæр, хъæуы сæрмагонд уавæртæ саразын, куыстдæттæг организацитимæ æмгуыст кæнын, стæй сын амалхъомдзинады сæхи бафæлварынæн баххуыс кæнын. Уыцы хъуыддагæн сын пайда у «Æнцонвадат цардархайды» федералон программæ. Нæ республикæйы æнтысджынæй æххæстгонд цæуы. Арæзтады æмæ архитектурæйы министрады специалисттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн сарæзтой 8 объекты. Иууылдæр дзуапп дæттынц инвалидты уавæртæ фæхуыздæр кæныны сæрмагонд программæйы домæнтæн. Аразынц сын цæрæн хæдзæрттæ дæр. Ифтонггонд сты адæймаджы уæлæмæ исæн техникæйæ. Инвалидты реабилитацион центры директор Цæллагты Жаннæ куыд загъта, афтæмæй уæлæмæ исæн техникæ алы хатт æдас нæу.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ хуыздæр уаид пандустæ аразын. Æмбырды ма ныхас кодтой, йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæтты ахуырадыл. Ныртæккæ республикæйы скъолаты коррекцион кълæсты ахуыр кæнынц 643 сывæллоны, 260 сывæллонмæ та ахуыргæнджытæ сæ хæдзæрттæм цæуынц. Ахуыргæнæндæтты рынчын сывæллæттæн сæрмагонд уавæртæ саразынæн Федералон æмæ республикон бюджеттæй радих кодтой 80 милуан сомы.
Скъолатæ сифтонг кæндзысты хъæугæ дзаумæттæй, чингуытæй æмæ транспортæй. Ахуырад æмæ наукæйы министр Азымты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, фаг нæ кæнынц ахуыргæнджытæ æмæ бæлвырд кусджытæ. Æмбырды кæронбæттæн Фадзайты Æхсарбег æппæт министрадтæн æмæ уагдæттæн бахæс кодта æппæт фарстатыл дæр иумæ кусын.
















