Альпинистон центр «Комы-Арт»-ы бындурыл уыд чызджыты спортивон лагерь «Патрида». Бацархайдтой дзы 75 адæймаджы æппæт Уæрæсейæ. Авд боны дæргъы чызджытæ сахуыр сты хиъахъхъӕнӕн фӕзилӕнтыл, фыццаг æххуыс кæныныл, къæдзæхмæ хизыныл, фатæй æхсыныл. Архайдтой йогæ æмæ стретчингæй. Цæргæ кодтой халагъудты. Хæринаг дæр цæттæ кодтой сæхæдæг.
Лагерь арæзт æрцыд 4-æм хатт. Ацы аз йæ сæйраг нысан уыд, чызджытæн баххуыс кæнын уарзон спорты хуыз равзарын. Лагеры архайджыты ныхæстæм гæсгæ, мадзал рауад, æмбал кæмæн нæй, ахæм цымыдисаг.
















