preloader
сейчас в эфире
13:17
МЕДИКУМ 12+
Смотрите Далее
13:45
СПЕКТАКЛЬ "МÆЛÆТЫ ЛÆГ" 12+
16:30
ВОКЗАЛ ДЛЯ ДВОИХ 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
СЮРПРИЗ 14+
18:30
ОБРАТНО В КАНИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МЕДИКУМ 12+
close

Алыккаты Аминæ æнтыстджынæй Израилы терапи ацыд

29.08.2023 13:22

Саби бафæрæзта фараст зын операцийæн, фæлæ уæддæр уыд уæззау уавæры. Æрмæст ын Израилы дохтырты бон уыд баххуыс кæнын.

Алыккаты бинонты цард иу уыссымæ дыууæ дихы фæцис. Сæ гыццыл чызг Аминæ йæхиуыл фыцгæ дон ракалдта. Саби бафæрæзта фараст зын операцийæн, фæлæ уæддæр уыд уæззау уавæры. Æрмæст ын Израилы дохтырты бон уыд баххуыс кæнын. Нæ телеканал дæр уæд æхцайы фæрæзтæ сæмбырд кæнынмæ фæкаст бинонтæм. Æмæ мæнæ æхсызгон цау. Æцæгæй дæр чызджы цъар имплантты руаджы хъæдгæмттæ сæхгæнын бантыст. Ныртæккæ Аминæ йе ‘мгæрттæй ницæмæй хицæн кæны. Разæй дæргъвæтин реабилитаци, фæлæ йæм бæллицтæ дæр ис – фæнды йæ гимнасткæ суæвын. Чысыл чызджы стыр хъаруйы тыххæй нæ дарддæры æрмæг.


Дзотты Тамарæ ивгъуыд азы 20-æм сентябрь хорз хъуыды кæны. Сæххæст йе стырдæр бæллиц. Уæд æрыгон мад базыдта, йæ хистæр чызг Аминæйы низæй сдзæбæх кæнынæн æхцайы фæрæзтæ фаг кæй сæмбырд. Цы æхца нæ фаг кодта, уый бæрц республикæйы фæстауæрцгæнæн фондæй радих кодта Сергей Меняйло. Бинонтæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой Израильмæ. Сæ балцы къуылымпыдзинæдтæ сæвзæрд ныртæккæйы санкциты уавæр хынцгæйæ. Аэропорты сæ æрфарст ахаста æртæ сахаты, фæлæ цæлхдурты сæрты ахызтысты. Цыбыр рæстæджы фæстæ Аминæ уыд клиникæйы. Тамарæ куыд радзырдта, афтæмæй йын дохтыртæ бар радтой йæ чызджы фармæ æппынæдзух уæвын, суанг ма операцион блокы дæр. Уый сабийæн лæвæрдта тыхтæ.

Æмбал кæмæн нæй, ахæм методикæйы руаджы чызгæн æнæхъæнæй цы буарыцъар баззад, уым имплаттæ сæвæрдтой. Сæрмагонд эспандертæй аивӕзтой буары тӕнцъар æмæ афтæмæй хъæдгæмттæ бамбæрзтой. Архайд цыд дыууæ къæпхæнмæ гæсгæ. Дохтыртæ сарæзтой æцæг диссаджы хъуыддаг.

Израилы операциты æмæ дзæбæхгæнæн мадзæлтты фæстæ чызджы организм йæхимæ æрцыд. Дарддæр та дæргъвæтин реабилитаци. Аминæ дохтырты амынддзинадмæ гæсгæ хъуамæ ленк кæна, уыимæ ма дзæбæхгæнæн гимнастикæ. Хъæуы уæхскы æргъиутæ æркусын кæнын. Уый æнцон хъуыддаг нæу, фæлæ саби æмæ йæ ныййарджытæм фаг тыхтæ ис.

Аминæ йæхи æхсызгонæй цæттæ кæны ног ахуыры азмæ. Сентябры бацæудзæн фыццæгæм къласмæ. Раст зæгъгæйæ, фыццг хатт нæ, фæлæ ныр æндæр уавæртæм гæсгæ. Æппæт зындзинæдтæ дæр фестейы аззадысты. Айразмӕ ма Аминæмæ уазæгуаты куы уыдыстæм, уæд нын раргом кодта, йæ бæлиц гимнасткæ суæвын кæй у. Ныр дæр æй афарстам, дæ хъуыдытæ нæ фæивтай, зæгъгæ. Дзуапп нын радта йæ бæллицыл йæ зæрдæ, кæй нæ сивта. Ныр æм йæ размæ ноджы æнтыстджын къахдзæвтæй цæудзæн. Аминæйæн, æнæмæнг, йæ фæндтæ сæххæст уыдзысты. Ныр йæ цард йæхицæй аразгæ у.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Пищевая непереносимость I Медикум
31.05.2026
Суанты Симоны фырт Хъазыбег I Æнусон фарн
30.05.2026
Моргуаты I Бинонтæ
30.05.2026
Донивылдтытæ, альпинизм æмæ Дзиуаты Анатолийы мысгæйæ | Йæ рæстæгыл
29.05.2026
Дмитрий Дзгоев | По большому счету
29.05.2026
Марат Дзахоев I Tabula Rasa
29.05.2026
Швейное искусство I Доброе утро, Осетия!
29.05.2026
Политические разногласия Армении и России, ливнеотводящие сети Владикавказа и актуальные новости прошедшей недели | Самое время
28.05.2026
28.05.2026 I Бизнес сфера
28.05.2026
Фæсивæд æмæ национ аивад I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
28.05.2026
Сергей Томаев I Дело мастера
27.05.2026
190-летие осетинской гражданской кириллицы I Подробнее
27.05.2026
Доброе утро, Осетия I 27.05.2026
27.05.2026
Хъуырман, скъолайы рауагъдонтæ æмæ бурхил адæмы бон | Йæ рæстæгыл
26.05.2026
Нузал I Вокзал для двоих
26.05.2026
Все рекомендуемое