Дзæуджыхъæуы æрдæгконд хæдзары арæзтады архайджытæн фиддонтæ снысан кæндзысты. Ахæм уынаффæ рахастой Хайон арæзтады архайæг адæмы бартæ хъахъхъæнынады Фонды цæстдарæн советы.
Æрдæгарæзт бирæфатерон хæдзар ис 18-æм микрорайоны. 132 фатеры хицауæй 127-имæ бафыстæуыд хайон арæзтады архайды тыххæй бадзырдтæ. Ныртæккæ объекты арæзтадон цæттæдзинады гуырахст у æрмæст 30% бæрц. Республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Бæззаты Дмитрийы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ компенсациты фæтк аивтой. Арæзтадон цæттæдзинады бæрц 80% къаддæр куы уа, уæд объект дарддæр нал амайдзысты.
















