Цалынмæ нæ æфсæддонтæ сæрмагонд операцийы хъазуатонæй архайынц, уæд мæ ам фæсчъылдымы архайынц хæстонты уаргъ фæрогдæр кæныныл. Афтæмæй, бархионтæ æмдыхæй ныртæккæ цæттæ кæнынц сусæггæнæн хызтæ. Уалдзæг ралæууыд æмæ ныр сæ ахадындзинад сарæх ис. Активисттæ сæ хъуыддаг бæстон цæстæй кæсынц.
Кæд ацы куыст зын нæу, уæддæр ыл бирæ архайд ис. Хистæрты фарсмæ æрбалæууынц кæстæртæ дæр. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн сусæггæнæн хызтæ бийын сахуыр сты интернеты видеоурокты руаджы. Се ‘ппæт уайтагъд нæ фацахуыр сты. Фæлæ ныр æмархайд кæнынц.
Ам иу бархион дæр æцæгæлон нæ разындзæн. Алкæмæн дæр йæхи ахоссаг ис, æхсæвæй-бонæй фронтæн цæмæ æххуыс кæнынц, уый фæдыл. Æфсæддон операцийы кæмæн йæ фырт архайы, кæмæн йæ бинонты дарæг. Ахæмтæ сылгоймæгтæ дзы ис, æмæ йæ бинонты нæлгоймæгтæ иууылдæр кæмæн ацыдысты тохы быдырмæ. Æфсæддонты фарсма ма рбалæууын йæхицæн нæ ныххатыр кодтаит Базыраты Нинæ. Кæд рынчындоны ис, уæддæр. Куыддæр йæ процедурæтæй фæхицæн вæййы, афтæ атагъд кæны бархионтæм.
Зымæг фæци. Лæппуты хъарм уæлæдарæс нал хъæуы. Боныхъæд фæивта. Æрдз цъæх адардта, уый та ууыл дзурæг у, æмæ æфсæддонтæн сусæггæнæн хызтæ цæттæ кæныны рæстæг кæй æрхæццæ,- зæгъы Верæ Куыд раздæр, афтæ ныр дæр йæ хъару не ‘вгъау кæны хæстонтæн хæдзарæй уды хъарм æрвитынæн.
Æппæт æрмæджытæ бархионтæ самал кæнынц сæхæдæг. Сæрмагонд ныв бæстонæй æвзæрстой. Иртæстой Запорожьейы арæхдæр цавæр бынæттæ ис, уый. Кæд сылгоймæгтæ ныртæккæ æфсæддонтæн æххуыс кæнынц, уæд сæхæдæг дæр фæсчъылдымы архайгæйæ бузныг уаиккой сæ къух сын исчи куы фæрогдæр кæнид, уымæй. Куыд хъуымацæй, афтæ сæм фæкæсын хъæуы хызтæ бийынмæ дæр.
















