650 уæзласæн хæдтулгæйæ фылдæр баззадысты лæугæйæ уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы. Арвыкомы фæндаг дзы сæхгæдтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн. Уый тыххæй хъусын кæнынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй.
Фæндаг сæхгæныны уынаффæ рахастой боныхъæды бæрæггæнæнтæ кæй февзæрдæр сты, уый аххосæй. Уæлдай зæрдæхсаинаг хъуыддаг сæвзæрд æфцæджы. Тæссаг дзы у зæйтæ рацæуынæй. Фæндаг æхгæд у 11 -м январæй. Шофыртæ æнхъæлмæ кæсынц, фæндаг кæд байгом уыдзæн, уымæ. Дзæуджыхъæуæй Уæллаг Ларсы уадзæн пунктмæ кусы æртæ фысымуаты æдæппæтæй 80 бынатæн, 6 хæрæндоны, дыууæ артаджы станцæйы æмæ 500 иуæгæн 4 сæрмагонд бынаты хæдтулгæтæн. Арæнтæм ’ввахс сифтонг кодтой хъармгæнæн пунктæ. Уымæй уæлдай ма, транспорты æппæт хуызтæн ацæуыны бар нæй Транскамыл дæр. Æвзæр боныхъæд кæдмæ ахæсдзæн, уый бæрæг нæу.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй сидынц цæрджытæм, цæмæй сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Бахъуаджы рæстæг та хабар кæной ирвæзынгæнджытæм «101», кæнæ «01» сæрмагонд номыртæм.
















