Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист, Цæгат Ирыстоны Мариинаг театры филиалы солист, зæрин хъæлæсы хицау Бæцæзаты Юрий абон бæрæг кæны йæ 80 азы юбилей. Уый фæдыл ын арфæйы ныхæстæ загъта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
Культурон райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй дзы уæлдай бузныг у, æмæ йын ракодта зæрдылдарæн лæвар. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, йæ зарджытыл иу æмæ дыууæ фæлтæры не схъомыл.
Бæцæзаты Юрий райгуырд 1941 азы, Заманхъулы. Йæ цард снывонд кодта ирон аивадæн. Музыкалон театры сценæйыл сарæзта 100 сурæтæй фылдæр. Куыд оперæ, афтæ опереттæйы дæр ахъазыд ахæм уацмысты, зæгъæм, «Пиковая дама», «Иоланта», «Евгений Онегин», «Аида», «Риголетто», «Бал-маскарад» æмæ æндæрты.
Зæрин хъæлæсы хицау Бæцæзаты Юрий зæрдиагæй куыста ирон автортимæ дæр. Гæбæраты Ильяйы оперæ «Оллана»-йы ахъазыд Амыраны роль, Хаханты Дудары оперæ «Ханты цагъд»-ы та снывæзта Бæтæхъойы сурæт. Йæ аивады сæрмагонд бынат ахсы Плиты Христофоры оперæ «Къоста». Хетæджы-фырты сурæт ахъазыд иттæг хорз.
Цæгат Ирыстоны Бæцæзаты Юрийы зонынц куыд адæмон уацмыстæ хуыздæр зарæггæнæджы. Аргъ æмæ йын уæлдай кад кæнынц йæ зæрдæбын фæллойы тыххæй.
















