preloader
сейчас в эфире
19:10
НОВОСТИ 12+
Смотрите Далее
19:20
Статус тренер 12+
19:50
Цард у мæлæтæн æвгъау. К юбилею Хазби Калоева 12+
20:30
Ретро-концерт "Ирон патефон" 12+
23:15
Встреча проездом 12+
ТВ ПРОГРАММА
НОВОСТИ 12+
close

Арыдоны музейæн экспозицион тыгъдад нæ фаг кæны

22.07.2026 13:18

Ныридæн музей кусы зæронд бæстыхайы. Ног бæстыхай куы фæзына, уæд æрбацæуджытæ хуыздæр базонгæ уыдзысты сахары историимæ.

Къамистытæ, документтæ, хорзæхтæ æмæ æрвылбоны царды дзаумæттæ. Ацы экспонаттæй алкæцы дæр хъахъхъæны йæхи истори. Фæлæ сæ феныны фадат алкæд нæ вæййы. Æрыдоны горæты райрæзты историимæ баст æвдисæнтæн музейы бынат нæй, уымæ гæсгæ сæ хъахъхъæнынц къоппыты. Абон музейы фæзуат у 100 квадратон метрмæ æввахс. У къуындæн. Бирæ азты дæргъы музейы фонд фæфылдæр 4 мин экспонатæй, уый тыххæй дзы нал цæуынц. Музейы истори райдыдта чысыл скъолайы коллекцийæ. Рæстæг куыд цыд, афтæмæй йæ райрæзтыл куыстой бынæттон цæрджытæ дæр.

— Музей байгом 1989-æм азы ӕрыдоны дыккаг скъолайы чысыл коллекцийы бындурыл. Уӕд экспонаттӕ бирӕ нӕ уыдысты. Дзауматæ нын лӕвар кодтой Ӕрыдоны ӕмӕ ӕнӕхъӕн районы цӕрджытӕ. Мах тынг бузныг стӕм, уӕд нæм чи фæкаст, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр.

Экспозици иу кæны алыхуызон фæлтæртæ æмæ темæтæ – æфсæддон историйæ культурæ æмæ æрвылбоны цард. Залтæн сæ зонгæ дæр баст у Советон Цæдисы æрвыбоны цардимæ.

— Æмгуыст кӕнӕм Ӕрыдоны цыппар скъолайы ӕмӕ æппæт рӕвдауӕндæттимæ дӕр. Мысæн ӕмӕ юбилейон бонтӕм кӕддӕриддӕр бацӕттӕ кӕнӕм мадзӕлттӕ ӕмӕ сывæллæтты æрбахонæм. Уымӕй уӕлдай, истори ӕмӕ ирон ӕвзаджы ахуыргӕнджытӕ нӕ музейы арӕх фӕкӕнынц тематикон уроктӕ.

Музейы фæзуат фæуæрæхдæр кæныныл иу æмæ дыууæ азы нæ дзурынц. Æрæджы ацы фарстайыл ныхас цыд Атарты Георгиимæ фембæлды рæстæг. Æрыдоны районы цæрджытæ фæсиддысты цæмæй музейæн радих кæной ног бæстыхай. Фембæлды хатдздзæгтæм гæсгæ, бынæттон администрацийы сæргълæууæгæн бабар кодтой фарстамæ æркæсын.

— Ӕрыдоны бирæ историон бӕстыхӕйттӕ нæ баззад, Иу æмæ дыууæ хатты нæ фæсидтыстæм, цӕмӕй сӕ бахъахъхъӕной. Алыхуызон бæстыхæйттæ лӕвӕрдтой музейӕн, фӕлӕ сӕ фылдӕр ӕрдӕгхӕлд сты. Ныридæгæн ма бахъахъхъæнæн кӕй ис, уыцы иунӕг историон бӕстыхай у Сывӕллӕтты сфӕлдыстады хӕдзар. Тынг нӕ фӕнды йӕ бахъахъхъӕнын.

Ныридæн музей кусы зæронд бæстыхайы. Ног бæстыхай куы фæзына, уæд æрбацæуджытæ хуыздæр базонгæ уыдзысты сахары историимæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
15.08.2026 I Бинонтæ.Таратæ
15.08.2026
15.08.2026 I Кувæг Ир
15.08.2026
15.08.2026 I Гвардия
15.08.2026
Аланы в Китае | Ход истории
14.08.2026
14.08.2026 | Хæдзарадон
14.08.2026
Медовый Спас! I Доброе утро, Осетия!
14.08.2026
Бизнес сфера I 13.08.2026
13.08.2026
Ирон чат. Æгайт ма! I 13.08.2026
13.08.2026
13.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.08.2026
Дело мастера I Карина Дзабиева
12.08.2026
ИИ: Технологическая сингулярность I Среда влияния
12.08.2026
Доброе утро, Осетия! I 12.08.2026
12.08.2026
11.08.2026 I Бæрнон ныхас
11.08.2026
Ася Цаликова I Профессиональный путь
11.08.2026
Театр «Шкит»-ы ӕмӕ фæлтæрджын риелтор I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
11.08.2026
Все рекомендуемое