preloader
сейчас в эфире
15:06
БИНОНТÆ 12+
Смотрите Далее
15:15
ФÆЗМИНАГ КÆСТÆРТÆ 12+
15:40
ТУГ ХÆССЫ 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
МЕСТНЫЕ ЗНАЮТ 12+
17:10
ДОМ КУЛЬТУРЫ 12+
ТВ ПРОГРАММА
БИНОНТÆ 12+
close

Цӕгат Иристоны цалцӕг кӕнынц 36 ахуыргӕнӕндоны

22.07.2026 13:15

Дзӕуджыхъӕуы 44-ӕм скъолайы бындурон цалцӕг — йӕ тӕмæны.

Дзӕуджыхъӕуы 44-ӕм скъолайы бындурон цалцӕг — йӕ тӕмæны. Сӕйраг къӕпхӕн фӕсте аззад. Кусджытӕ сарӕзтой ног хæтæлтæ ӕмӕ къултæ ахорынмæ бавнæлдтой. Объекты куыстытæ адæргъвæтин кодтой 2 азмæ. Ныртӕккӕ бригӕдтӕ цалцæг кӕнынц райдайӕн скъолайы дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзгуытӕ. Бæстыхай сарӕзтой 1987-æм азы. Бындуронæй йæм базилын рагӕй хъуыд. Абон дзы ахуыр кӕнынц 2 æмæ æрдæг мин сывӕллонӕй фылдӕр. Куыстыты цыд сбӕрӕг кодтой “Иугонд Уæрæсе”-йы депутаттӕ. Партион цæстдард дарддӕр цӕуы.

Къултӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ цӕттӕ сты. Баззад ма цар ӕмӕ пъолтӕ скӕнын.

Дзӕуджыхъӕуы 3-аг скъола дӕр ног кæнынц. Ам бæстыхайы сæр баивдзысты нырыкконæй. Ӕмгъуыд — 1-æм сентябрьмӕ. Уый фæстæ та райдайдзысты бæстыхæйы бындурон цалцæг. Куыстытæ хъуамæ фæуой 2 азмæ.
Скъолайы директор Хъӕрджынты Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй сног кӕндзысты алцыдӕр.

— Дыккаг къӕпхӕн у кълӕсты ӕмӕ тыргъты цалцӕг. Баивдзыстӕм мидӕгӕй алцыдӕр, уыимӕ телтӕ ӕмӕ хъармгӕнӕн системӕ дӕр. Уырны нæ, ӕппӕт куыстытӕ дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзыстӕм графикмӕ гӕсгӕ.

Мониторингы иу бынат ма — Ӕрхоны станицӕйы 2-аг скъола. Ам ахуыр кӕнынц 300 сывӕллоны бӕрц. Цалынмӕ фæсивæд каникулты сты, уӕдмӕ сын сӕ кълæстæ ног кӕнынц. Фӕсте аззадысты егъау куыстытӕ: аразджытӕ баивтой хæтæлтæ, сцалцӕг кодтой къултӕ ӕмӕ пъолтӕ. Бæстыхайыл цӕуы 50 азӕй фылдӕр. Æмæ йæ фыццаг хатт бындуронæй цалцӕг кæнынц. Ӕппӕт куыстытӕ дӕр фӕуынмӕ хъавынц ахуыры азы райдайӕнмӕ.

— 5 азы размӕ нын нӕ спортзал сцалцӕг кодтой ӕмӕ скъолайы сæр баивтой. Кълæстæ та ахуыргӕнджытӕ сӕхӕдӕг саив кодтой. Ацы аз паддзахадон программӕйы архайджытӕ систӕм, ӕмӕ не скъолайы бындурон цалцӕг скодтам.

Куыстытӕ иууылдӕр цӕуынц фæткмæ гӕсгӕ. Скъолатӕ канд цалцӕг нӕ кæнынц, фӕлӕ ма ноггонд цæуы сæ материалон-техникон базӕ дӕр. Модернизацийӕн фадат фӕци “Иугонд Уæрæсе”-йы хъæппæрисæй. Ахуыргӕнӕндӕтты арӕзтад ӕмӕ бындурон цалцӕг сты партийы адӕмон программӕйы сӕйраг здӕхтыты ‘хсæн. Цæстдард — карз. Депутаттӕ, республикӕйы арӕзтады ӕмӕ ахуырады министрады минӕвӕрттӕ æппынæдзух бæрæг кæнынц объектты куыст. Уыдон лӕмбынӕг кӕсынц куыстыты хӕрзхъӕддзинадмӕ ӕмӕ куыд афоныл цæуынц, уымæ.

— Мах алы мӕй дӕр бӕрӕг кӕнӕм социалон ахадгӕ объекттӕ — скъолатӕ ӕмӕ рӕвдауӕндӕттӕ. Цæстдард цӕуынц партион программӕйы фӕлгӕты. Мах нӕ хъус дарӕм куыстытӕ ӕххӕст кӕныны хӕрзхъӕддзинадмӕ.

Ныртӕккӕ бындурон цалцӕг кӕнынц 24 скъолайы, 6 рӕвдауӕндоны ӕмӕ 6 колледж ӕмӕ техникумы. Куыстытӕ иууылдӕр — нысангонд фæткмæ гӕсгӕ.

— Республикӕ Цӕгат Ирыстон – Алани æппынæдзух архайы скъолаты бындурон цалцӕджы федералон проекты. Нæ регион курдиæттæ бахæссы паддзахадон программӕмӕ. Ныр цалдӕр азы фӕд-фӕдыл стӕм раззагдӕрты хыгъды цалцӕггонд ахуырадон кусæндæтты нымӕцмӕ гӕсгӕ.
Специалисттӕ куыд зæгъынц, афтӕмӕй ӕппӕт ахуыргæнæндæттæ дæр сӕ дуӕрттӕ байгом кæндзысты 1-æм сентябрьмӕ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
День мозга и день сбора ягод I Доброе утро, Осетия!
22.07.2026
Адæмон фронты æрвылазон форум, журнал «Мах дуг»-ы преми æмæ уæлахиздзау артист | Йæ рæстæгыл
21.07.2026
21.07.2026 I Разбор полетов
21.07.2026
Сывæллæтты лагерь «Звездочка» | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
21.07.2026
Ногхъæу I Фæрдгуытæ
20.07.2026
Повышение цен на говядину, выбор профессии в эпоху искусственного интеллекта и североосетинские борцы на первенстве Европы I Самое время
20.07.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 6-7:параллели в ранней скифской культуре// Меотский мир/ «Ossetica»
20.07.2026
Шахматы и нарды | Доброе утро, Осетия!
20.07.2026
В итоге: 19.07.2026
19.07.2026
Куыд зӕгъай, афтӕ! I 19.07.2026
19.07.2026
Кудзаты Хъазыбек | Аивады фæз
18.07.2026
Язык жизни | Гвардия
18.07.2026
Нымӕтхуд | Агурæг
18.07.2026
Донхорыггæнæн куыстытæ Ирыстоны æмæ Ногхъæуы скъолайы æнтыст I Йæ рæстæгыл
17.07.2026
Национальное возрождение в Осетии в XIX веке | Ход истории
17.07.2026
Все рекомендуемое