Аст ног æрмадзы фæзындзæн Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы 2021-æм азы. Ныртæккæ бæстыхæйттæ цæттæ кæнынц ног домæнтæм гæсгæ. Дзуапп дæтдзысты нырыккон домæнтæн. Ахæм фадæттæ сæ къухы бафтыдысты паддзахадон гранты фæрцы нацпроект «Ахуырад»-ы фæлгæты. Колледж уæлахидзау сси дыууæ номинацийы: «Арæзтад» æмæ «Аивад, дизайн æмæ лæггæдтæ кæныны къабаз»-ы.
Гранты фæрæзтæ, фыццаджыдæр, хардз кæндзысты хъæугæ кусæнгæрзтыл, фæсивæды ахуыр кæндзысты техникæимæ кусыныл, сæрмагонд программæтæм гæсгæ архайыныл æмæ ног домæнтæ æххæст кæныныл. Ахуыргæнæдоны директоры ныхæстæм гæсгæ, иуæй-иу бæстыхæйттæ ныридæгæн цалцæг кæнынц æнæбюджетон фæрæзтæй. Зæгъæм, «Графикон дизайн»-ы æрмадзы ма хъæуы æрмæст кусæнгæрзтæ сæвæрын.
Кæронмæ фæхæццæ кæны хуыйджыты æрмадзты рацарæзт дæр. Уæвгæ ма Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжæй хал ахордта Елхоты бирæвæрсыг техникум дæр. Уым дæр хъуамæ фæзыной ног æрмадзтæ. Æдæппæтæй уыдзысты 8.
















