Ацы бонты Цæгат Ирыстоны сæмбæлдысты Санкт-Петербурджы дæсны специалисттæ. Дзæуджыхъæуы 1-æм поликлиникæмæ абон дохтыры æххуысмæ æрбацыд бирæ адæм. Кусгæ балцы ардæм ссыдысты хуыздæр кардиохирургтæ, окулисттæ, сылгоймæгты низтæ дзæбæхгæнæг специалисттæ. Нæ республикæйы сты 2-аг бон. Сæ пайдайаг хуыддаджы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн ме мкусæг Уазиты Зæлинæ.
Дзæуджыхъæуы фыццæгæм поликлиникæйы абон бирæ адæм уыд. Ам дыккаг бон пациенттæм кæсынц Санкт-Петербурджы фæлтæрдджын специалисттæ. Се ‘хсæн: хирургтæ, окулисттæ æмæ сылгоймæгты низтæ дзæбæхгæнæг дохтыртæ. Куыст сын бирæ ис. Алчидæр сæ боны æмгъуыдмæ фены 30 адæймагæй фылдæр.
Олег Гриненко: «Тынг зын у цавæрдæр сæрмагонд хайад равзарын. Алы дæсныйад дæр ахсджиаг у. Акушер, эндокринолог, терапевт æмæ офтальмолог. Ацы дæсныйæдтæ хъæугæ сты. Зæгъæм, мæнæ мах дыууæйæ æрцыдысты. Æмæ ма бакæсут, цас адæм сæм лæууы рады».
Мария Бобошкойы исæнуаты раз дæр бирæ адæм ис. Дохтыр нын куыд радзырдта, афтæмæй хъусты низтæй рынчын сты ацæргæ адæм. Фæлæ ныртæккæ кæстæртæ дæр райдыдтой ацы низæй рынчын кæнын.
Мария Бобошко: «Фарон Санкт-Петербурджы ирон диаспорæ балæвар кодта нæ республикæйæн хъæугæ дзæбæхгæнæн гæрзтæ. Ныртæккæ дзы архайынц, куыд æмбæлы, афтæ. Тынг æхсызгон мын у, уæ дохтыртимæ кæй кусын, уый».
Эндокринологы кабинеты раз дæр бирæ адæм. Дыууæ бонмæ Анна Лискер райста 60 адæймагæй фылдæр. Дохтыры ныхæстæм гæсгæ, сæйраг низтæ сты сæкæры æмæ уартхуыз рæзæнæгимæ баст. Алы рынчыны дæр фæнды йæ низы тыххæй бæлвырддæр базонын.
Анна Лискер: «Иртæстытæм гæсгæ мæ бон зæгъын у уый, æмæ уæ дохтыртæ алывæрсыгæй æркæсынц рынчынмæ, рагацау низ раитасыны тыххæй. Уыимæ уæлæмхаст иртæст куыстытæ нал хъæуынц. Сæ фылдæр ацæргæ адæм».
Ныр фондзæм хатт Санкт-Петербурджы дохтыртæ æрбацыдысты нæ республикæмæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ ма уыдон бирæ рæтты уыдысты. Чикола æмæ горæтгæрон районы дæр. Райсом та уыдзысты Алагиры районы рынчындоны.
Уазиты Зæлинæ
















