Джыккайты Давид фидарæй зоны куы дæ бафæнда, уæд дын алцыдæр бантысдзæн. Тхэквондойæ архайы 4 азæй фæстæмæ æмæ ма афтæмæй скъолайы дæр æнтыстджын бæрæггæнæнтæ æвдисы. Тренировкæтæ нæ цух кæны, алцыдæр кæны фæткмæ гæсгæ. Йæ фарсмæ та кæддæриддæр йæ тренер Алик Бучукури. Уый йын æххуыс кæны йæ бæллицтæ сæххæст кæнынмæ. Æрæджы Давид бахауд Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Минутмæ иу къахыл æрбадт æмæ сыстад 31 хатты.
Æнтыстдзинад йæ къухы бафтыд хиуыл хæцт æмæ æрвылбоны куысты ‘руаджы. Курдиатджын лæппу тренермæ æххуысы фæдыл фæсидт йæхæдæг. Зыдта йæ, йæ бон рекорд сæвæрын кæй суыдзæн, уый. Давиды разæнгарддзинад йæ разамонæджы зæрдæмæ фæцыд. Æмæ йын æххуыс кодта. Зындзинæдтæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æййæфтой. Къамисæн фыццаг видеоæрмæг куы арвыстой, уæд æй нæ райстой.
Фæлæ дыккаг хаттæн рекорд бантыст сæвæрын. Уæлахизыл цин кодтой сывæллæттæ се ‘ппæт дæр. Уыимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Давиды ныййарджытæ дæр. Йæ мад Джыккайты Алинæ нын куыд радзырдта, афтæмæй йæ фыццаг уырнгæ дæр нæ бакодта, йæ фырты æнтыстдзинадæй сæрыстыр у.
Лæппу ныридæгæн тырны спорты дæсны суæвынмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ тагъддæр фæнды сау рон райсын. 7 аздзыдæй Уæрæсейы рекордты чиныгмæ бахауын стыр æнтыстдзинад у. Давид дарддæр дæр архайдзæн спорты бæрзæндтæм хизын, ахæм тренеримæ, æнæмæнг йæ къухы бафтдзæн.
















