Фыдракæндты нымæц республикæйы фаронимæ абаргæйæ фæкъаддæр ис. Уый тыххæй фехъусын кодта нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков журналисттимæ фембæлды рæстæг.
Уæлдай цæстдард цæуы, наркотиктæ кæм ис, ахæм хостæ уæй кæныны фæткмæ. Бæрæг кæнынц, бирæуæладзыгон æмæ хи хæдзæртты кæртыты сусæгæвæрдтытæ чи кæны, уыдоны дæр. 22 адæймаджы ахызтысты хи цæсгом æмæ барады сæрты. Хæцæнгарзы æнæзакъон зилдухимæ барадхæлдтытимæ цæуы тох. Йæ дарыны домæнтæ чи халы, уыцы цæрджытæй йæ байсынц. Оперативон куысты фæрцы ахст æрцыдысты знаггадгæгджытæ: адæмы хæдтулгæтæ чи давта, уыдон. Министр йæ хъуыдытæ загъта Электроцинчы фæдыл арæзт митиджы тыххæй дæр. Михаил Скоковы ныхæстæм гæсгæ, министрады кусджытæ уæлдай æргом здахынц республикæйы змæстытæ ма `руадзыныл.
Æнæзакъонæй митингтæ аразæн нæй. Уый æмбарын хъæуы. Иуæй иутæ уымæ фæсидынц, мах та адæмы змæстытæй хъахъхъæнæм. Иу ныхасæй закъонхалджытæ дзуапп дæтдзысты закъонмæ гæсгæ. Алы адæймагæн дæр ис ныхасы бар, йæ зæгъинæгтæ зæгъынæн, фæлæ закъон халын нæ хъæуы.
Журналисттæн сарæзтой Мидхъуыддæгты министрады музейыл афæлгæст дæр. Бындурон цалцæджы фæстæ байгом уыдзæн 30-æм октябры. Михаил Скоков журналисттæн равдыста, министрады кусджытæ историйы алы азты цы кусæнгарзæй пайда кодтой, уый. Се `хсæн алыхуызон зæронд артефакттæ. Экспозицитæн музейы уыдзæн 10 залы. Лекциты залы арæзт уыдзæн лæгдзинады уроктæ. Министрады æргом здахдзысты фæсивæды патриотон хъомыладмæ.
Иууылдæр æй зонынц ацы аз юбилеон кæй у уый. 4 июны пъæлицæйыл сæххæст 300 азы. Бакуыстам Мидхъуыддæгты министрады музей саразыныл. Музей дзуапп дæтдзæн æппæт нырыккон домæнтæн. 11 æнусы артефакттæ дæр дзы равæрдзыстæм. Ярослав Мудрыйы бадзырдæй райдай æмæ афтæ дарддæр. Уыимæ дзы уыдзæн, Цæгат Ирыстоны кусджытæ цæмæй пайда кодтой ахæм экспозици дæр.
















