Федералон программæтæ регионтæн цы пайда фесты, уый бирæтæ сæхиуыл æххæстæй банкъардтой. Цæгат Ирыстон дзы ныр цалдæр азы архайы. Сæ фæрцы къухы бафтыд алы къабæзты бирæ объекттæм базилын, кæнæ та ногтæ саразын. Федералон æхцатæй цы хорз хъуыддæгтæ скодтой, уыдонæй адæм тынг бузныг сты. Рæхджы ма хорз æмæ æхсызгон цаутыл бафтдзæн. Цалдæр къуырийы фæстæ байгом кæндзысты сывæллæтты республикон рынчындон инфекцион хайад. Куыстытæ куыд конд сты, уымæ абон бæрнон цæстæй æркастысты.
Ацы бæстыхай 30 азы размæ райдыдтой аразын. Фæлæ, арæх куыд вæййы, фаг æхца кæй нæ уыд, уый аххосæй куыстытæ ныллæуыдысты. 2015 азы сæ федералон программæмæ гæсгæ сног кодтой. Ныр арæзтад кæронмæ фæхæццæ кæны. Куыстыты хæрзхъæддзинад сбæрæг кæнынмæ республикæмæ ссыд Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Лев Кузнецов. Битарты Вячеславимæ æрзылдысты агъуыстытыл, æркастысты исæн хайадмæ, техникон ифтонгдзинадмæ æмæ кусæнгæрзтæм. уыдон та дзуапп дæттынц нырыккон домæнтæн. Федералон министры хъуыдымæ гæсгæ, ахæм дзæбæхгæнæндæттæ алы регионы дæр хъуамæ уой.
Лев Кузнецов – Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр:
«Ам сæмбырд кодтой нырыккон техникæ æмæ кусæнгæрзтæ. Алы кары сывæллæттæн- ноггуырдтæй райдай æмæ сыл цалынмæ 18 азы нæ сæххæст уа, се ппæтæн дæр дзы ис хорз уавæртæ. Бынæттæ дзы ис ныййарджытæн дæр, цæмæй сабитæм сæ зæрдæ ма *хсайа æмæ сæ фарсмæ уой, уый тыххæй. Цы нæ вæййы æмæ искæмæ уæззау кæнæ тæссаг низ рабæрæг кодтой, уæд реанимацион хайад дæр тынг хорз конд у. Фæлтæрдджын дохтыртæ æмæ нырыккон медицинон кусæнгæрзтæ кæй фæнды дæр сæ къæхтыл слæууын кæндзысты. Мæнæн та се ппæтæн дæр мæ зæрдæ зыгъы æнæниздзинад».
Сывæллæтты рынчындоны инфекцион хайад кæд байгом уыдзæн, уымæ республикæйы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Ныр дзы дохтырты бон у 100 рынчынæн балæггад кæнын. Арæзтады схардз кодтой 430 млн сомы.
Битарты Вячеслав – РЦИ-Аланийы сæргълæууæг: «Æхца нын радих кодтой Цæгат Кавказы хъуддæгты фæдыл министрады æххуысæй. Цыдысты афоныл. Махæн та нæ хæс уыд куыстытæ куыд æмбæлы, афтæ кæнын. Абон не ппæт дæр уынæм куыд дзæбæх рауад, уый. Куыстытæ дæр хæрзхъæд сты. Нысангонд фæткмæ гæсгæ ног корпус байгом кæндзыстæм 17-æм февралы».
Федералон программæты руаджы Цæгат Ирыстоны бирæ объекттæм базылдысты. Кæмæ – куыд?! ууыл дзырдтой министр цы æмбырд сарæзта, уым. Разæй та ноджы фылдæр бакусинаг фарстатæ. Цæгат Кавказы рæзты программæмæ гæсгæ ацы аз сараздзысты 2 объекты – Куырттаты комы – фысымуат, Æрæфы районы та хорæмбырдгæнæн. Лев Кузнецовы ныхæстæм гæсгæ программæтæ регионтæн хорз æххуыс сты. Æмæ дзы Цæгат Ирыстоны дарддæр кæй архайдзæн, уый та уæлдай хорз у. 12-æм февралмæ республикæ хъуамæ бацæттæ кæна æмбæлгæ гæххæттытæ æмæ федералон проектмæ ног объекттæ бахæсса.
Абон ма Лев Кузнецов артаг æмæ энергетикæйы комплексы фарстаты фæдыл ведомствæты хсæн къамисæн сарæзта æмбырд. Куыд бафиппайдта, афтæмæй кæд фиддонты бæрц фæфылдæр, уæддæр ма цæрджытæ куыд æмбæлы, уый бæрц нæ фидынц. Ацы коммуналон лæггадæн фидынц æрмæст адæмы 87 %. Æмбырды ма æрныхас кодтой газ уадзыны фарстатыл. Уыцы хъуыддаджы республикæ иттæг хорз бакуыста. Пълан уæлдайджынтæй сæххæст кодтой – 115%. Уый хыгъд бюджеты æфтиæгтæ 87% йеддæмæ не сты. Лев Кузнецов бафæдзæхста ацы фарстатыл хуыздæр кусын.
Зыхъуаты Жаннæ, Æлбегаты Генриеттæ, Каджаты Алыксандр, Ирыстоны хабæрттæ
















