Æрыгон специалисттæ фаг не сты. Сывæллæтты рæвдауæндæтты фаг бынæттæ нæй. Хæххон хъæуты та адæм æнæ газæй цæрынц. Ахæм фарстатимæ нæ республикæйы сæргълæууæгмæ æрбацыдысты Æрæфы районы цæрджытæ. Битарты Вячеславимæ сын уыдис фембæлд. Архайдтой дзы министртæ дæр. Æмбырд сарæзтой Цыколайы æмæ Быдыры Дæргъæвсы культурæйы хæдзæртты. Уыдысты дзы нæ уацхæсджытæ дæр æмæ сын ныхасы бар дæттæм.
Оксана Батырова кусы Æрæфы районы рынчындоны. Цæгат Ирыстоны сæргълæуæгмæ, куыд иннæтæ, афтæ æрбацыд йæхи фарстаимæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йын коммуналон лæггæдтæ фидгæйæ ис льготæтæй пайда кæныны бар. Уый тыххæй, æмæ у медицинон кусæг хъæуы. Фæлæ йын, куыд рабæрæг, афтæмæй фадат нæй.
Йæ кæцыдæр хай-иу мын фæстæмæ æрбарвыстой æмæ иу тыхсгæ дæр нæ кодтон. Ома-иу мын йе `рдæг фыст уыд. Газæн дæр, рухсæн дæр. Фæлæ æз уыцы хыгъдмæ цæмæдæр гæсгæ ныр нал хауын. Медицинон кусæг уа – акушер, гинеколог, кæнæ офтальмолог – уæлдай нæу.
Цыколайы цæрджытæ хъаст кæнынц, районы рынчындон цы уавæры ис, уымæй. Нæй дзы арæндон, стæй инсультæй рынчын адæм хъæугæ æххуыс кæм райсой, ахæм хайад. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, дзæбæхгæнæндон хъæуы медицинон кусæнгæрзтæй сифтонг кæнын. Афтæ – фæлтæрдджын кусджытæй дæр.
Цыколайы цæрджытæ ма разы не сты, сывæллæтты рæвдауæндæттæ дзы фаг кæй нæй, уымæй. Уæдæ 2-æм астæуккаг скъола дæр сæ хуыздæртæй нæу. Хъæуы йæм базилын.
Быдыры Дæргъæвсы та цалцæггæнинаг у культурæйы хæдзар. Æркæсинаг хъуыддæгтæй ма иу – хизæнуæтты уавæр. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, цæрджытæн хъуамæ фадат уа фосы куыст кæнынæн. Уый фæдыл æмбæлгæ министрадæн бахæс кодта цыбыр рæстæгмæ хъæуæн фæз радих кæнын.
Куысты бынæттæ нæй, хæххон хъæутæм æрдзон газ нæ цæуы, уæдæ фæндæгтæ дæр цалцæггæнинаг сты. Уыцы фарстатæ схъуырмæ кæнынц Æрæфы районы цæрджыты.
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг бынаты бабар кодта æмбæлгæ уагдæтты разамонджытæн адæмы фарстатыл бакусын. Ахæм фембæлдтытæ та уыдзысты арæхдæр.
















