Бæстон æмæ биноныгæй бийын ахсджиаг у, æрмæст афтæмæй дзуама рауайы аив. Ацы архайд чысыл рæдыд дæр нæ хатыр кæны. Ирон цыллæ кæлмæрзæн сцæттæ кæнын æнцон хъуыддаг нæу. Ахуыртæн фылдæр хатт бахъæуы цалдæр мæйы. Джиголаты Мзия йæ урокты куысты лыстæгдзинæдты тыххæй бæстон радзуры.
Кæлмæрзæн цæттæ кæнгæйæ хъæуы хорзыл хъуыды кæнын. Æрмдæсныты уырны, афтæмæй дзаума æрхæсдзæн амонд æмæ циндзинад. Националон кæлмæрзæнæн алкæддæр уыд сокралон нысаниуæг. Йæ ныфæвдтытæн дæр ис хицæн мидис, уырнынадмæ гæсгæ, уыдон сылгоймаджы хъахъхъæнынц æвзæр тыхтæй. Ирон бинонты ‘хсæн æй лæвæрдтой фæлтæрæй фæлтæрмæ. Ныртæккæ йæ кæд сылгоймаджы уæлæ арæх нал фендзынæ, уæддæр рæстæгимæ йæ рæбын рагон дзаума æрæвæрын кæй фæнды, уыдоны нымæц рæзы.
Инна Овчинникова Дзæуджыхъæумæ ссыд Петербургæй. Ирон кæлмæрзæны æмæ мидисы тыххæй фехъуыста йæ хæлар чызгæй. Уæд æй бафæндыд ацы архайды тыххæй бæстондæр базонын. Чызг йæхи ныффыста дæсныйадæвдисæг ахуыртæм æмæ базыдта бирæ ногдзинæдтæ.
Кæлмæрзæн сцæттæ кæнынæн райдайæг дæснытæ пайда кæнынц мæстæг хъуымæцтæй. Уыдоныл лыстæг рæдыдхыгъдтæ тынг нæ фæзынынц. Уый зæлдагимæ абаргæйæ. Зындæр хуызтæм рахизынц фæстæдæр, æппæт архайд бæстон куы базонынц, уæд.
Ахуыргæнæг Джиголаты Мзия адæмон æрмдæсныйады ахуыртæ амоны æхсæз азы. Къухми мæ уарзондзинад та йæм æнæнхъæлæджы фæзынд.
Ныр Мзияйы цард баст у судзинтæ æмæ æндæхтимæ. Адæмон æрмдæсныйадыл ахуыр кæны, кæй фæнды, уыдоны се ‘ппæты дæр. Æхсызгонæй сæ базонгæ кæны ацы аивады сусæгдзинæдтимæ, кæцытæ æнусæй-æнусмæ хъахъхъæнынц цæсты гагуыйау.
















